Джонатан Стоунмен - Æхсæнадон Уацхæссæджы журналисттæн тренинг уыдзæн диссаджы фадат, - уый фæдыл ныхасæн, цæмæй куыд срухс кæнай æвзæрстытæ афтæ, ома бæрнон информацийы бæрнон æмæ æууæнкаг гуырæныл нымад цæуай
Æхсæнадон Уацхæссæджы журналисттæн тренингтыл фæуынаффæ кæндзыстæм нысаниуæгджын темæтыл æмæ фарстатыл, кæцы нын баххуыс уыдзæн, хуыздæр сбæрæг скæнæм, цы саразын хъæуы, ам æрмæст разæвзарæнон периодыл нæ ныхас кæнæм, – уый фæдыл «ВВС»-ы тренер Джонатан Стоунмен райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, разæвзарнон период дзæбæх афон у ивддзинæдтæн, фæлæ уый уыдзæн дзæбæх фадат уый фæдыл ныхасæн, цæмæй куыд кусы ног хабæрттæ, цахæм хъуамæ уа редакцион стандарт æмæ куыд срухс кæнын хъæуы æвзæрстытæ афтæ, цæмæй информацийы бæрнон æмæ æууæнкаг гуырæныл нымад цæуай.
«Фæныхас кæндзыстæм универсалон аргъдзиндæтыл æмæ журналистон этикæйыл. Нæ хъавын искæмæн уый амонон, цæмæй куыд кусын хъæуы кæнæ чи цы хъуамæ сараза, мах фæуынаффæ кæндзыстæм æмæ дискуссийы фæрцы рйсдзыстæм дзуапп сæвзæргæ фарстатыл, сæ нымæцы вазыгджыныл дæр. Иурæстæгонæй бакусдзыстæм документ редакцион политикæйы фæдыл, кæцы æхсæнадæмонæй аппробиргонд, универсалон хæзнатыл æнцойæвæрд у, фæлæ уый æнæмæнгæй баххæсдзæн гуырдзиаг специлификæмæ æмæ баиу кæндзæн цы хуыздæр стандарттæ ис, уый æппæт», – райхъусын кодта Джонатан Стоунмен.
Джонатан Стоунмен 20 азы дæргъы ВВС-ы ног æмæ цæугæ хабæртты куысты, журоналисты, продюссеры æмæ иртасагы позицитæ ахста, фæстагмæ та ВВС World Service –ы тренингцентры къухдариуæггæнæг ссис. Ныр Стоунмен къухдариуæг кæны консультацион компанийæн Stonepeople Media.