Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг Сегрей Лавровимæ фембæлд.
Уый фæдыл информацийы бæлвырд кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
«ИНО-йы генералон ассамблейы 74-æм сессийы фæлгæтты, Швейцарийы инициативæйæ æмæ организацигондæй, сырæзт Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæн хъуыддæгты министры фембæлд. Фембæлдыл гуырдзиаг фарсæй уынаффæйы сæйраг темæ уыд Гуырдзыстоны территориты оккупацийы фарста»,- хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны.
Уыйимæ иумæ, Давит Залкалианийы æмæ Сергей Лавровы фембæлды фæдыл информаци айхъусын кодта Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр.