Давит Залкалиани  - оккупацигонд территоритыл таможнæ-ауадзæн  пунктыты  байгомы фæдыл информаци  у мæнг
Давит Залкалиани - оккупацигонд территоритыл таможнæ-ауадзæн пунктыты байгомы фæдыл информаци у мæнг

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  оккупацигонд  территоритыл  таможнæ-ауадзæн  пунктыты  байгомы фæдыл информаци   у мæнг. Информацийы хъусын кæны  Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Давит Залкалиани   дзуапп ратта   уырыссан  медийы  ахæлиугонд  информацийæн, кæцымæ гæсгæ  дæр, оккупацигонд Гуырдзыстоны   территоритыл таможнæ-ауадзæн пунктыты  байгом кæнын план кæнынц.  Министры æмбаргæнæнмæ гæсгæйæ,   фæнысангонд  информаци  у мæнг  æмæ  йæ  уыпыссаг  медиа  специалонæй   хæлиу кæны,  кæцыйæн Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, æнцой дарынц, Гуырдызстоны хицаугæнæг  хицауады  оппоненттæ.

«Ай у радон  дезинформаци,  кæцыйы  хæлиу кæны  уырыссаг медиа  æмæ йын йæ фарс  хæцынц нæ оппоненттæ,  оппозиционертæ æмæ  Гуырдзыстоны раздæры президент.  Категорионæй  нæрайсгæ у ахæм  уынаффæ, уымæн æмæ йын ницы  иумæйаг ис  реалондзинадимæ» – райхæлдта  æддагполитикъон уагдоны  къухдариуæггæнæг.

Давит Залкалиани афтæдæр деталонæй   райхæлдта, 2011 азы Гуырдзыстон-Уæрæсейы  æхсæн  къухæвæрд   дыууæфарсон  бадзырды  детæлттæ,  кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  хицæн  швейцариаг  компанийы  æрдгæй,  Гуырдзыстон æмæ Уæрæсесйы  æхсæн уаргъты зилдухы  мониторинг  æмæ райхъусын кодта,  цæмæй  фæнысангонд   бадзырдæн ницы бастдзинад ис  исты хуызы  таможнæйы  терминалты  арæзтадимæ.

«Зонут æй, цæмæй  бадзырд къухæвæрд æрцыд  2011  азы æмæ  у, æрмæстдæр дыууæ  фарсы – Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн бадзырд.   Уый йæ хъуыдыйы дары  транзитон къæлидорты  мониторинг. Ницы  дзырдæуы  исты  хуызы  таможнæйы терминалты  арæзтадыл.  Алцыппæт у, банысангонд бадзырдмæ æмбæлгæ, 2011  азы йыл къух  куыд рафыстой  афтæ, æмæ уый фæдыл цы  хахуртæ  хъæуысынц  уыдон сты  æрмæстдæр спекуляцитæ»-  райхъусын кодта Давит Залкалиани.

Министры ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд  фарстайыл  дарддæр кæнынц  фембæлдтæ  гуырдзиаг æмæ  уырыссаг фæрсты æхсæн.

Давит Залкалиани афтæдæр дзуры, цæмæй   зæгъгæ ацы афонмæ  не рцыд æмæ нæ план кæны  афтæдæр уæлдæрбанысангонд  разыдзинады  ревизи  кæнæ ногæй  æркаст.

«Æвæрд бадзырды  ницы  ревизи  нæ уыд æмæ нæдæр палн кæны.  Алцыппæт  æххæст цæуы  2011 азы  къухæвæрд  бадзырды фæлгæтты æмæ ницы  таможнæй  терминалты  арæзтадыл дзырдæуы, разыгонд къæлидорты  фæсаууонмæ æмæ  æй æппæт у  дзыллæйы рæдыды бафтауыны архайд» – банысан кодта министр.

Уаргъты таможнæ  мониторингы темæйыл   сом Женевæйы   гуырдзиаг-уырыссаг-швейцариаг  иумæйаг  камисы  фыццаг кусæн фембæлд сырæздзæн.