«Борджгъалосани»-ты  гом  фæлтæрæн   Уæрæсеимæ матчы  агъоммæ [фото]
«Борджгъалосани»-ты гом фæлтæрæн Уæрæсеимæ матчы агъоммæ [фото]

Гуырдзыстоны æмбырдгонд  регбийæ «Регби Европæйы Чемпионаты» 2020 азы  ерысы  Уæрæсейы   ныхмæ   хатдзæгон  туры   маты агъоммæ  фæлтæрæн  ауагъдтой.  Матч  æвдæм февралы  «Михеил Месхийы стадионыл»   ацæудзæн.  Бæстæйы  уæвæг   регуляцитæм  гæсгæйæ,   фæлтæрæнмæ æрмæст медийы  минæвæртты  бауагъдтой.            

Фæнысангонд  матч, коронавирусы тыххæй   дыууæ хатт æрцыд æргъæвд æмæ йæ фæстиуæг гуырдзиаг регбисттæн   турнирон нысаниуæг нæ  хæссы, уымæн æмæ Гуырдзыстоны æмбырдгонд  къорды мидæг ныридæгæн ахсы  фыццаг бынат.  Уæрæсейы æмбырдгондмæ та  фæуæлахизæй  уæлдай ма бонус балл райсыны  мотиваци дæр уыдзæн, уымæн  æмæ Румынийы  Бельгиимæ  быцæудзинады фæстиуæгмæ гæсгæ,  ис  теорион шанс, цæмæй  «Арсытæ»-н сезон фæуыдзæн фæстаг бынатыл уæвгæйæ.

Куыд  фæлтæрæныл афтæ  Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы 24-æм матчмæ дæр æрмæст   медийы минæвæртты бауадздзысты. Ныры онг  цы 23  матч ахъазыдысты   фæнысангонд æмбырдгæндтæ  уыцы  матчытæй  21  фæуæлахиз ис Гуырдзыстоны æмбырдгонд,  иу фембæлд æцис хæрæгсастыл, æмæ æрмæст иу матчы фембылд ис Гуырдзыстоны æмбырдгонд.