Бидзина Иванишвили – Уырыссаг базар æрыхгæнын кæй  фæнды, уыдон сты нæ бæстæйы знæгтæ
Бидзина Иванишвили – Уырыссаг базар æрыхгæнын кæй фæнды, уыдон сты нæ бæстæйы знæгтæ

Уыдон чидæриддæр нын амоны, цæмæй зæгъгæ уæ  цæмæн хъæуы уырыссаг  базар, мæнæ украинаг  æмæ  европаг базартæ,  æппын ницы æмбарынц – уый фæдыл, партий «Гуырдзиаг Бæллиццы»   сæрдар Бидзина Иванишвили  загъта  журналисттæн.

Бидзина Иванишвили куыд банысан кодта афтæмæй,   зæгъгæ куы  акæсæм  размæдзыд Европаг бæстæт дæр, куыд архайынц   сæхи Уырыссаг базарыл æрфидар кæнын, уæд алцыппæт бæрæг у.

«Уырыссаг базары  фæивын  æнцон никæмæн у, уæлдайдæр европæйæгтæн, æнцон нæу  махæн дæр, элементарон æфсоны тыххæй, уымæн æмæ продукцийы  баласын æмæ  йе æрдæм пайдагæнæджы хъусдард баздахын, нæу  æнцон  процесс, уымæн хъæуынц  азтæ.  Нæ продукци Уæрæсейы   номдзыддæр у, дзæбæх æй зонынц æмæ йын ис æлхæнæг. Диверсификаци цыд азты дæргъы, уырыссаг базар æхгæд куы  уыдис, уæд. Уыдон  уырыссаг базары æрыхгæнын æмæ базард бауромын  кæй  фæнды  –  уыдон сты  бæстæйы знæгтæ»,- райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.