Аслан Бжаниа -  Гуырдзыстонæй  Абхазмæ æрласгæ продукци нæ базарадон зилдухы нысаниуæгджын бынат ахсы,  уымæн исты хъуамæ схос кæнæм
Аслан Бжаниа - Гуырдзыстонæй Абхазмæ æрласгæ продукци нæ базарадон зилдухы нысаниуæгджын бынат ахсы, уымæн исты хъуамæ схос кæнæм

Абхазæй  Гуырдзыстонмæ миллиардгай  сомы аргъ  продукци цæуы,  ацы  æхцайы  фылдæры  хай  бады   уыцы  адæймæгты  дзиппыты, кæцытæ  контрабандæйæ  архайынц, цæмæн ма хъуамæ  хæццæ  кæна  ацы  æхца  бюджетмæ? –  уый фæдыл оккупацигонд  Абхазы  а.х. президент  Аслан Бжаниа   райхъусын кодта.

«Гуырдзыстонæй Абхазмæ цы продукци ласынц  уый тыххæй  куы зæгъæм, уæд  уый ахсы  нæ базарадон зилдухы  нысаниуæгджын   хай,  æцæг афтæ у  æмæ   уымæн исты  ъхуамæ схос кæнæм.  Абхазæй  Гуырдзыстонмæ, миллиардгай  сомы аргъ продукци ласынц. Нæ таможнæйы  комитеты æмæ   хъæууон хæдзарады  министрады бæрæггæнæнтæй,   æхсæры  фæстауæрц  афæдзы мидæг 11-12   мин тоннæмæ хæццæ кæны.  Ардгæй минимум  10 процент  аласынц Уæрæсемæ, иннæтæ  та  иууылдæр Гуырдзыстонмæ, æмæ ацы  æхца, фылдæр  бады  уыцы  адæймæгты  дзиппыты, чидæриддæр   контрабандæйæ  архайынц. Цæмæн сæ  скæнæм ацы  адæймæгты  контрабандисттæй. Цæмæн ма хъуамæ хæццæ кæна  ацы  æхца   паддзахадон бюджетмæ.   Уымæй  кæмæн цы  сбæлвырд кæнын хъавæм? Ахæм ахаст  нырид  бирæ азтæ  даргъ кæны.  Уымæ  хъæуы æркæсын.  Хъуамæ нын уа  нæхи æркуырдтæ.  Нæ продукцимæ хъуамæ  уа    нæхи сертификаттæ, фæлæ  цæй  ма, нæ  арæнтæ  æххæстæй  контрол кæнæм.  Уый  нымæцы   продукцийы  ласын дæр.  Ауыл цæст цъынд кæнын æмæ  уый  дзурын, цæмæй  мæнг у зæгъгæ,   гæнæн нæй.  Уый,  мæнмæ гæсгæ,  раст нæу», – райхъусын кодта Аслан Бжаниа.

Бжаниа, афтæдæр  фæныхас  кодта   цæугæдон Псоуйыл  уæвæг а.х.  арæнон-ацæуæн пунктты тыххæй æмæ райхъусын кодта, цæмæй  «контролы системæ раивын хъæуы».

«Уырыссаг  фарсмæ ис  йæхи аргументтæ,  цæмæй  цæмæн хъæуы  ай бæрц  контролгæнæг  оргæнтæ.  Ацы аргументтæй  иуæй-иу   у уый æмæ  тæрсынц, цæмæй  Абхазæй, Уæрæсемæ  хæцæнгарзы æнæконтрол кадайæ  аласт райдайдзæн.  Уый тыххæй  дæр, нæхи хзæцæнгарз хъуамæ  сконтрол кæнæм», –   райхъусын кодта Бжаниа.