Ангела Меркелы  визит Гуырдзыстонмæ  официалонæй  сбæлвырд ис
Ангела Меркелы визит Гуырдзыстонмæ официалонæй сбæлвырд ис

Германийы  Федеративон Республикæйы канцлеры визит  Гуырдзыстонмæ,  дыууæфарсон ахастытæ  æмæ бæстæйы   европаг  æмæ евроатлантикон  интеграцийы   боны фæткы   сæйраг  фарсстатæ  сæйраг темæтæй  уыдсты  Гуырдзыстоны-премьер-министр  Мамука Бахтадзейы æмæ  Германийы  минæвар  Хайке Фачы   фембæлдыл,   кæцы  абон  хицауады  администрацийы  сырæзт.

Премьер банысан кодта, цæмæй   хицауад   дыууæфпарсон ахастыты  тынгады  сегасæй   нысаниуæгджын  фæзындæй  хоны   канцлер Ангела Меркелы  официалон  визиты Гуырдзыстонмæ, кæцы æввахс  фидæнмæ  план кæны.

Мамука Бахтадзе  бахахх кодта  Германийы    нысаниуæгджын роль  бæстæйы   институцион  тынгады   процессы.

Хъусдард здæхт æрцыд  базарадон-экономикон   цæдисты æрдæм  æмæ  немыцаг   инвестициты  рæзынадыл   Гуырдзыстоны,  афтæма – ахуырады  нысаниуæгыл   хъæддых  экономикон  райтынгы  срæвдзы хъуыддаджы.

Фембæлдыл ныхас  баххæссыд,   лыстæг  æмæ   астæуккаг   бизнес бааъаз кæныны  æрдæм   Гуырдзыстоны  хицауады   арызт къахдзæфтæм,  кæцыйæн йæ нысан ног   куыстбынæтты  саразын  æмæ   мæгуырдзинадыл фæтыхуын. Немыцаг фарс  æвæрццаг аргъ  скодта  Гуырдзыстоны   премьер-министры ахаст  æрдзхъахъхъæнынадмæ – «Цъæх Экономикæ».

Премьер-министр æмæ минæвар  афтæдæр фæныхас кодтой   президентон æвзæрстыты  фæдыл.  Мамука Бахтадзе  банысан кодта,  цæмæй   Гуырдзыстоны  хицауад  зæгъгæ  ацы хатт  дæр срæвдз кæндзæн  æвзæрст саразын  сæрибар, рæстаг, рухсдзыд  аууæлтты, демократийы  бæрзонд стандарттæм æмбæлгæйæ ауадзын.

Информацийы хæлиу кæны  Гуырдзыстоны  хицауады  администрацийы пресс-куыст.

Официалон информаци Меркелы  визиты  бæлвырд  датæмæ гæсгæ  нæ  хæлиу кæны, фæлæ  Фыццаг Къаналы  информацийæ,  Германийы  канцлер,   Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн  августы иннæ æрдæджы.