Ангела Меркел - Белорусы, хурыскæсæн Украинайы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, афтæдæр Уæлхох Карабахы, уавæр катайагæй  æвзæрдæр у
Ангела Меркел - Белорусы, хурыскæсæн Украинайы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, афтæдæр Уæлхох Карабахы, уавæр катайагæй æвзæрдæр у

Белорусы, Хурыскæсæн Украинайы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы, Уæлхох Карабахы, афтæдæр Ливи  æмæ Сирийы, уавæр катайагæй  æвзæрдæр у –  уый фæдыл Германийы  канцлер Ангела Меркел, Европæйы Советы  парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«МÆ хъуыдымæ гæсгæйÆ,   Европæйы æддæйæ æмæ  континенты  хурыскæсæны  уæвæг уавæр  æвдисы, цæмæй  сабырдзинад, стабилондзинад æмæ æдадсзинад  сæхи хъæдæй не сфидар вæййынц. Белорусы, Хурыскæсæн Украинайы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы, Уæлхох Карабахы, афтæдæр Ливи  æмæ Сирийы, уæвæг уавæр  – катайагæй  æвзæрдæр у»- загхта Ангела Меркел.

Германийы  канцлер  Европæйы  Советы  парламентон ассаблейы  нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ бафтыдта мæ, цæмæй Европæ йæ разы цы быцæусидтытæ ис, уыдонæн  иудзинады тыхæй хъуамæ сдзуапп кæна.