Ангела Меркелы официалон визит Гуырдзыстонмæ райдыдта [видео]

Германийы  Федерацион Республикæйы  канцлер Ангел Меркель  Гуырдзыстонмæ дыууæбонон  официалон визитæй   абон æрцыд.   Германийы   канцлерæн, Шота Руставелийы номыл Тбилисы æхсæнадæмон  аэропортмæ æртахт Размæ рацæуыны  официалон церемони ацæудзæн  хицауады администрацийы.

Ангела  Меркелимæ  иумæ,  Германийы   делегацийы  сконды  сты:  паддзахадон нымæрдар,   спикер  Штефен Зайберт;  Гуырдзыстоны Германийы   минæвар  Хайке Файч ;  фæсарæн æмæ æдасдзинады   фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг   Ян  Хеккер; экономикон  æмæ  финансон  политикæйы  фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг  Ларс  Хендрик  Роэллер; Европаг  политикæйы  фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг  Увэ Корсепиус; канцелярийы  Хуссар Кавказы  хайады   истæр  Матиас  Люттенберг.

Ангела Меркель,   официалон  визит райдайдзæн  премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ фембæлдæй.

Германийы  канцлер фембæлдтæ  ауадздзæн  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзеимæ,  афтæдæр  уæрæх  форматы фембæлд  сараздзæн. Амалы  фæстæ   Ангела Меркел  æмæ Мамука Бахтадзе  иумæйаг пресс-конференци  ратдзысты.

Визиты  фыццаг бонмæ плангонд  у  Гермнаиийы  канцлеры   фембæлд  Гуырдзыстоны  президент  Гиорги Маргвелашвилиимæ дæр,   кæцыйы  фæстæ Ангела Меркел, Хъайтарты  мемориалыл  дидингуытæ  сæвæрдзæн.

Афтæма 23  августы, сырæздзæн   официалон   сихор  Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы номæй.

Ангела Меркел  фембæлдтæ  Тбилисы,  визиты иннæ  бон, 24  августы  дæр   сараздзæн, сæ нымæцы плангонд у  Германийы  канцлеры  фембæлдтæ  оппозицийы  минæвæрттимæ  æмæ  æхсæнадæмон ахуыртæ «Аккаг партнеры»  хайадисæг немыцаг  æфсæддæттимæ.

Афтæма Германийы  канцлер  оккупацион хаххы цурмæ  ныццæудзæн  æмæ  цæстдарæг миссийы  минæвæрттимæ  фембæлдзæн.