Süddeutsche Zeitung  - Ангела Меркель Гуырдзыстонæн солидарондзинад равдисдзæн Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны»  фæмардуæвæг æфсæддонты  мемориалыл  дидингуытæ сæвæрынæй
Süddeutsche Zeitung - Ангела Меркель Гуырдзыстонæн солидарондзинад равдисдзæн Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» фæмардуæвæг æфсæддонты мемориалыл дидингуытæ сæвæрынæй

Гуырдзыстоны æрдæм солибарондзинад  Германийы канцлер,  Ангела Меркель  Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны»  фæмардуæвæг æфсæддонты  мемориалыл  дидингуытæ сæвæрынæй  равдисдзæн –  уый фæдыл  банысангонд у Süddeutsche Zeitung-ы  статийы, кæцы  Гуырдзыстон, Сомихыстон æмæ  Азербайджанмæ  Ангела  Меркелы  визитмæ æххæссы.

Статийы мидæг банысангонд у,  цæмæй  Кавказмæ  Германийы  канцлеры  визитмæ,   стыр  интересæй  йæ цæст дары  Мæскуы дæр,   уæлдай дæр  Серкель бæрæг  æрфитæггæгтæ  саразын план кæны.

Süddeutsche Zeitung-ы æрмæджыты мидæг,   дзырдæуы  Владимир Путины  æмæ Ангела Меркелы  дæргъвæтин   ныхасы  фæдыл,   кæцы  Украинæйы   конфликтмæ  æххæссыд.  Статийы  автор дзуры,  цæмæ  Украинæйы  конфликтæн ис  парллель  Абхаз æмæ «Хуссар ирыстоны»  уæвæг  конфликттимæ, цы ран Уæрæсе йæ  позицитæ фæфидардæр кодта.

«Уымæ гæсгæ  Берлины  позици у:  «Уæрæсейы  æфсæддон уæвынадмæ  Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы  мах тынг критиконæй  кæсæм» – дзырдææуы  статийы.

Меркелы  Гуырдзыстонмæ визиты  фæдыл  æрцæттæгонд   æрмæджыты  афтæдæр банысангонд цæмæй  зæгъæн ис 10 аз у, ацы конфликттæ  салд кæй  æмæ  растдæр  уымæй  хибахизын  фæнды  Меркелы  Украинæмæ гæсгæ.

Статийы  дзырдæуы, цæмæй  Гуырдзыстон абсолютонæй  æргом у   Европæйæн  æмæ  ныридæгæн  бафыст у  ассоциацидзиналы  бадзырд  æмæ сæрибар  базарады  фæдыл бадзырд.

«Бæрæг куыд у афтæмæй, экономиконæй   ацы  къурс фæраст ис, уымæн  æмæ  бæстæйы 2018  азы  сфиксир ис  4,5% экономикон  рæзынад»- банысангонд у статийы.

Афтæма  статийы автор  фыссы  цæмæй растдæр зæгъгæ  Меркелть  баурæдта  Гуырдзыстоны  бирæ къуындæгдæр бастдзинад  ныгуылæнимæ, 2008  азы  Бухаресты  саммитыл, АИШ-ы   президентты, Джордж Бушы  хъæддых æрукуырды  ныхмæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы альянсы  уæнг суæвыны   процессы  райдаыны ныхмæ  куы рацыд.

«Уый  фæстæ НАТО-мæ гæсгæ  ныр официалонæй  гом дуары  политикæ  архайы. Йæ солилдарондзинад Меркель  равдисдзæн Абзаз æмæ Хуссар Ирыстоны  фæмардуæвæг  æфсæддонты мемориалмæ дидингуытæ бахæссынæй» – фыссы – Süddeutsche Zeitung.

Ангела Меркель официалон визитæй  абон æрцæудзæн.