Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад – 8 марты бадзырд уыд гуырдзиаг политикон тыхты  историон нысаниуæгы æнтыст
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад – 8 марты бадзырд уыд гуырдзиаг политикон тыхты историон нысаниуæгы æнтыст

8 марты  бадзырд  уыд  гуырдзиаг политикон  тыхты историон нысаниуæгы  æнтыст –  уый  фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады   куырдиаты  мидæг у  банысангонд.

Фидиуæн  публикацигонд  æрцыд  социалон хызаг «Фейсбукы» АИШ-ы минæварады  сæрмагонд фарсыл.

Минæварды æмбарын кæнынц, цæмæй  разыдзинад  дыууæ хайæ  у  æмæ  алы фарсæй  домы кæронмæ сæххæст кæной  разыдзинады дыууæдæр  хай, цæмæй  уый  æнтыстджынæй  сæххæст уа.

«8 марты  бадзырд  уыд  гуырдзиаг политикон тыхты  историон  нысаниуæгы æнтыст,  кæцыйæн  йæ  нысан у  Гуырдзыстоны  политикон  системæ деполяризаци скæнын æмæ октябры  парламентон æвзæрстытæм  хуыздæр  уавæртæ  саразын, конституцион ивддзинæдтæ   æмæ  2020 азы  парламентон æвзæрстыты æххæстæй  пропорцион  фæдыл дзырдлæвæрд куы нæ сæххæст ис  уый фæстæ. Мах  куыд  диалогы фасилитатортæ  баххуыс кодтам  дискуссийы  платформæ саразын  кæцыйæн йæ нысан уыд  æууæнк  ногæй рацаразын  æмæ дæтта  фадат хайадисджытæн, тынг  вазыгджын фарстаты  кæрæдзийæн  фæбарын.  Нæ роль  йæ  хъуыдыйы  нæ дары  уынафæйы мидис раргом  кæнын кæнæ  бадзырды   райхалын.

Фæнысангонд разыдзинад  дзыллæйæн   дзæбæх  зонгæ  у.  Уый  æм хуызонæй сæ зæрдæмæ фæцыд   куыд   гуырдзиаг адæмæн, афтæ  æхсæнадæмон   дзыллæйæн.  Банысан кæндзыстæм, цæмæй  бадзырд у  дыууæ  хайæ: иу  фокусиргонд у  æвзарæнон системæйыл, иннæ та  уыцы  фарстаты  алыгыл,  кæцытæ   тæрхонон  системæмæ  политикъон хифæкæнды æнгæс  сты.  Курæг стæм алы фарсæй  дæр,  кæронмæ сæххæст кæнæнт  бадзырды   дыууæдæр хай, цæмæй   уый  æнтыстджынæй  сыххæст уа» –  дзырдæуы  фидиуæны.