Абонæй райдайдзæнис вакцинацийы стимуляцигæнæг лæтæре
Абонæй райдайдзæнис вакцинацийы стимуляцигæнæг лæтæре

Вакцинацигонд  уæнгты  разæнгардкæныны нысанæн , абонæй   райдайдзæн  æрвылбойнон лæтæре, кæцыйы призон фонд у 2 800 000 лари.

Лæтæре афæдзы кæронмæ  æрвылбойнон режимы цæудзæн. Æрвылбойнон  равзæрстæй  уæдай ма уыдзæн æрвылкъуырион дæр,  афæдзы  кæрон та  лæтæре ацæудзæн  100 000 ларийы  приз кæмæ уыдзæн лæвæрд, уый равзарынæн.

Лæтæрейы  суммæ рауæлдай уыдзæн  бюджетæй  æмæ уым  хайад райсдзæн алы æмбæстаг,  кæцы иухаттонæй  уæддæр у вакцинацигонд.

«Æмтгæйон  призон фонд у 2 милуан  800 мин   лари. Лæтæре  цæудзæн æрвылбойнонæй, афæдзы кæронмæ.  Æрвылбойнонæй  уæлдай ма уыдзæн æрвылкъуырион   хатдзæгон  равзæрст.  Бæрæг у, уыдзæн æндæр æмæ æндæр   призон фондтæ – райдайгæ 100 ларийæ.  100 æмæ 500   ларийы бæрц  призтыл  равзæрст цаудзæн æрвылбойнонæй, æрвылкъуырионæй та  1000, 1500, 5000  æмæ 10 000  ларийы бæрц  хорзæх уыдзæн.  Хатдзæгон  лæтæре та уыдзæн  2021 азы 31  декабры  æмæ йæ призон фонд аххæсдзæн 100 000  ларимæ.  Лæтæрейы   хайад исынц  2021 азы 13 сентябры  онг чи уыд вакцинацигонд, афтæдæр  13 сентябры   фæстæ  периоды  чи уыдзæн вакцинацигонд  уыцы æмбæстæгтæ дæр, – банысан кодта Гуырдзыстоны националон лæтæрейы  компанийы   юрист Кети  Хуцишвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  рамбулыны фæдыл информаци  райсын æмбæстæгтæн  сæ бон уыдзæн  веб-фарсæй  www.stopcov.lotto.ge  .

«Афтæма сæ  бон у  баздæхын Гуырдзыстоны националон лæтæрейы  реализацион  пункттæм. Æрвылбойнон æмæ  æрвылкъуырион  лæтæрейы чи рамбулдзæнис, уыдонмæ  тилифонæй адзурыдзысты  æмæ  сын  www.stopcov.lotto.ge  -йæ  информаци базонын кæндзысты», – загъта Кети Хуцишвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, лæтæрейы хатдзæгон  хъазт  ацæудзæн комкоммæ  эфиры,  лототроны уыдзæн  хайад чи исы,  уыдоны  билеттæ  æмæ  хъазты  акæнæг  рабæрæг кæндзæн  иу  уæлахизгонды.