Абхазаг медийы  информацимæ гæсгæйæ, Аслан Бжаниа æмæ Рауль Хаджимбайы æхсæн бадзырдтæ  цæуынц
Абхазаг медийы информацимæ гæсгæйæ, Аслан Бжаниа æмæ Рауль Хаджимбайы æхсæн бадзырдтæ цæуынц

Оккупацигонд Сухумы  оппозиционер Аслан Бжаниайы æмæ  Рауль Хаджимбайы  æхсæн бадзырдтæ цæуынц.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  абхазаг рауагъдад  «Абсадгил инфо».

Ацы  хъусинагмæ   гæсгæйæ,   фембæлд   «Хицауадон  дачæйы»  территорийыл  Уæрæсейы æдасдзинады  куысты  хистæры   хæдивæгы, Рашид  Нургалиевы  æхсæны  бацыдæй  цæуы.

Ацы фембæлды  онг та,  абхазаг рауагъдад  куыд фыссы  уымæ гæсгæйæ,  «оппозицион» лидер,  Аслан Бжаниа зæгъгæ райхъусын кодта, цæмæй  Хаджимбаимæ фембæлд, гæнæн ис   абон  сырæзтаит.  Бжаниайы   информацийæ, фембæлды цауы,   æркастаиккой  тæрхондоны  уынаффæ æвзæрстыты фæстиуджытæ  аивыныл,  æмæ а.х  ЦÆК-ы  уынаффæ,   ног а.х. æвзæрстытæ снысан кæныны  тыххæй.

Афтæма, абон бæрæг ссис  цæмæй  оккупацигонд  Абхазы  фæлхатгæ  а.х.  президентон æвзæрстытæ 22  марты  ацæудзысты.