117   хъæлæсæй æртæйы  ныхмæ, парламент сфидар кодта æвзарæнон системæйы фæдыл конституцион ивддзинæдтæ
117 хъæлæсæй æртæйы ныхмæ, парламент сфидар кодта æвзарæнон системæйы фæдыл конституцион ивддзинæдтæ

117 хъæлæсæй  парламент  æвзарæнон  системæ ивды нысанæн бакуыст  конституцион ивддзинæдтæ,  сфидар кодта  фыццаг хъусынæй.   Ивддзинæдтимæ не сразы сты    æртæ депутаты.  Абоны хъæлæскæнынады   хайад райстой    хæдбар депутаттæ æмæ  оппозицион   фракцитæ.   «Националон Змæлдæй» цух.

Хъæлæскæнынады  хайад нæ райстой  « Националон Змæлд»  æмæ  «Европаг Гуырдзыстон».

Конституцион   проектмæ гæсгæ,  2020 азы  парламентон æвзæрстытæ  ацæудзысты æмхæццæ  системæйæ –   парламентмæ сывзардзысты  120 уæнг пропорцион æмæ 30 уæнгы та   мажоритарон æвзарæнон системæйæ.

Ивдыттыæй  фæбæрæг ис, цæмæй   пропорцион  æвзæрстытæ  ацæудзысты  иупроцентон æвзарæнон  барьеры  уавæрты æмæ æвзарæнон  блокътæн  барьер  уыдзæн  иу  проценты æмæ блокъмæ бацæуæг партиты бæргæнæгмæ гæсгæ.

Проектæй  æнæрайуæрст   мандаттæ,  кæд  ахæм цау  фæбæрæг уа, уæд фæдфæдон райуардзысты  сегасдæр фылдæр баззайæггаг кæцы партитæн  æмæ æвзарæнон блокътæн уыдзæн уыдоныл.

Закъонопроектæй  бæрæг у  уый дæр, цæмæй   2024  азы онг  уæлрадон   æвзæрстытæ  ауадзыны цауы,    архайдзæн бавдыст  конституцион  закъонопроектæй бæлвырд  рæстæгмæ æвзарæнон системæ. Афæтма  2024  азмæ æнæрадон æвзæрстытæ ауадзын  рагхыгъдгонд нæу.