Зынгирвæзт Батумы
Зынгирвæзт Батумы

Батумы, фысымуат «Леогранды» зынгирвæзты фæстиуæг, 10 Гуырдзыстоны æмæ иу Ираны æмбæстаг фæмард. Мидхъуыдтгæты министрады информацийæ, госпитализаци бахъуыд 21 адæймагæн, кæцыты уавæр ацы рæстæгмæ стабилон у. Цæфгондты æхсæн ис министрады зынгвæдисон дæр. Æрцæугæйы фæдыл, фæдагуырд Гуырдзыстоны тугрæстдзинады кодексы 243 –æм статьяйæ райдыдта, кæцы йæ зæрдыл дары регуляциты, зынгирвæзæн æдасдзинады уагы хæлд. Фысымуаты зынгирвæзт 24-æм ноябры 21:00 сахатыл æрцыд. Батумы æмбæстæгтæн кусы тæвд хахх: 595950925