Зураб Джапаридзейы 2000 ларийæ фæивар кодтой æнæбарлæвæрдæй, экономикон фæллой кæныны тыххæй
«Гирчи Фылдфр сæрибардзинады» лилер Зураб Джапаридзейы, кæцы знон Агъмашенебелийы проспектыл байгом кодта бар, æнæбарлæвæрдæй, экономикон фæллойады тыххæй фæивар кодтой.
Бынатыл уыдысты барадхъахъхъæнджытæ æмæ фæллойады уавæрты инспекторты департаменты минæвæрттæ.
Йæхæдæг Зураб Джапаридзе хуъсын кæны, цæмæй нæ хъавы ивар бафидын. Джапаридзейы дзырдæй, зæгъгæ уый иргъæвы депутаты мандат, кæцыйæ пайда кæны, бар скусын кæнын хъавы райсом дæр æмæ иуæй-иу æмпартиагы гуырæнбон сбæрæгбон кæнын дæр.
Зураб Джапаридзе Бар «Джапарастан» байгом кодта 13 февралы æмæ хъусын кæны, цæмæй уымæй политикон нæкоммæкасты акт æххæст кæны.
Пандемийы тыххæй Гуырдзыстоны, ресторантæ æмæ кафе æхгæд сты æмæ æрмæст рахæссыны уагæй кусынц. Хицауады планмæ гæсгæйæ, райсомæй ресторантæн æмæ кафетæн кусыны бар уыдзæн гом тыгъдады.