Зураб Джапаридзе – мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныллæг у æвæццæгæнад, цæмæй кандидаты статусыл æвæрццаг дзуапп уа
Нæй мæм оптимистон æнхъæлцытæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, хицауад алы амæлттæй архайдзæн, цæмæй кандидаты статус райсыны фæндагыл цыдæртæ разнаггад кæна, – уый фæдыл «Гирчи – Фылдæр Сæрибардзинады» лидер Зураб Джапаридзе райхъусын кодта.
Зураб Джапаридзейы аргълæвæрдæй, ныллæг у уый æвæццæгæнад, цæмæй кандидаты статусы фæдыл хатдзæг уа æвæрццаг.
«Германийы канцлер премьер-министрæн загъта, конкретон цыдæртæ сараз æмæ дам йæ фарс рахæцдзыстæм кандидаты статус раттынæн, адон бацархайдзысты æмæ растдæр бавдыст пунктты бакомкоммæ цы у, уый сараздзысты. Гæнæн ис кандидаты статус раттыны æмгъуыд ахæцыныл дæр уа дзуапп. Сæйраг у, цæмæй кæд кандидаты статус раттыныл нæзагъд уыдзæн, уый ма уа сигнал кæцыйы мах кæнæ Уæрæсе бамбардзæн афтæ цæвиттон дура махæн æхгæд у. Уый у сегасдæр нысаниуæгджын æмæ уый европæгтæ æмбарынц. Нæзагъды цауы дæр ахæм æрвитæггаг уыдзæн, ома дуар гом у, æрмæст дзы бæстæ цыдæртæ хъуамæ сараза æмæ уый фæстæ ацы дуар гом уыдзæн. Кæд бæстæ кандидаты статус райсдзæн, уый гуырдзиаг адæмы сгуыхтдзинад уыдзæн, уымæн æмæ хицауад алцыппæт сарызта цæмæй канидадты статус ма райстаиккам, фæлæ æвæццæгæнад цæмæй дзуапп æвæрццаг уа, мæ хъуыдымæ гæсгæ. тынг ныллæг у»,- райхъусын кодта Зураб Джапаридзе, кæцыйы комментари ахæлиу кодта «Интерпрессньюс».
Джапаридзейы дзырдæй, Германийы канцлеры æмæ Гуырдзстоны премьер-министры фембæлды аххос дæр уый уыдис, цæй тыххæй дæр уæдмæ Гемранийы фæсарæн хъуыддæгты министры визит Гуырдзыстонмæ, автæма, Германийы бундестагы æддагон комитеты сæрдары æрцыд.