Зураб Джапаридзе   мандат  йын йæхимæ ныууадзыны фæдыл парламенты уынаффæйыл конституцион тæрхондоны бахъаст кодта
Зураб Джапаридзе мандат йын йæхимæ ныууадзыны фæдыл парламенты уынаффæйыл конституцион тæрхондоны бахъаст кодта

Адæймагы тыхыбын кæнай парламенты кусын   уый у æррадзинад – ахæм аргъ дæтты « Фылдæр  СÆрибардзинад –Гирчи»-йы  лидер Зураб Джапаридзе   парламенты  уынаффæ,   оппозиционер депутаттæн   мандаттæ  сæхимæ ныууадзыны фæдыл.

Фæнысангонд  уынаффæйы ныхмæ  Джапаридзе  конституцион  тæрхондонмæ   бахъаст кодта.  Хъасты мидæг дзырдæуы  цæмæй  уынаффæ йæ ныхмæ у  конституцийы 39-æм статийæн  æмæ минæварадон   органы  мидисæн.

«Дыууæ мæйы бæрц бахъæудзæн, куырдиат цы бахастон  æмæ   мандаты  аивын куы æркуырдтон, цæуылдæр   парламент  мын нæзагъд ракодта.  Уый нæу æрмæст  мандаты  фарст.  Мандатимæ иумæ  мын арæнгонд у  æндæр æмæ æндæр бартæ.  Ахуырадон  куыстæй уæлдай,  мын ницы аразыны  бар ис уый тыххæй цæмæй   мын мандат  нæ  аивдтой.  Уымæй  уæлдай, падздахад мæ  домы  деклараци   раттын  науæд та  нырма  мæ фæивар кæндзысты, стæй та –т тугтæрхоны барады   бæрн  мыл сывæрдзысты.  Уый æппæт  у æнæконституцион,  уый у æррадзинад, цæмæй  адæймаджы тыхыбын кæнай  фæнды йæ æви нæ   «ам дам бакус» –   райхуъсын кодта Зураб Джапаридзе.

Зураб Джапаридзе  хъаст конституцион тæрхондонмæ  абон Батумы йæхæдæг бахаста.