Зураб Чхаидзе - Саакашвилийы уавæр стабилон у, ковиды рог симптомтæ йæм ис
«Вивамедийы» клиникон директор, Зураб Чхаидзейы инфорамцийæ, Саакашвилийæн коронавирус куы сбæрæг ис, уый фæстæ æрымбырд ис консилиум, кæцыйы сконд æндæр æмæ æндæр специалисттæ уыд, сæ нымæцы Саакашвилийы сæрмагонд дохтыр.
Афтæма йæ дзырдæй, консилиум æрныхас кодта Саакашвилийæн хоскæныны план, кæцымæ гæсгæ дæр цæуы пациентæн хоскæнын.
«Пациентæн знон сбæрæг ис ковид. Уый тыххæй цæмæй уыдис æмбæлгæ симпотмтæ, клиникон бæрæггæнæнтæ, – фæнысан йын ис бæрзонд температурæ æмæ стауты рыст, фæзындис гуырысхой ковидыл. Темтæй коронавирус сбæрæг ис. Æрымбырд дохтырты консилум æндæр æмæ æ ндæр специалондзщинады дохтыртимæ. Саакашвилийы низмæ гæсгæйæ, консилиумы хайад истой гематолог, реаниматолог, цæй зæгъын æй хъæуы йæ сæрмагонд дохтыр æмæ инфекционист. Æрныхас кодтам планы фæдыл, куыд хосгæнæн, афтæ превенцивон хуызы æмæ ныр цæуы хоскæнын», – райхъусын кодта Зураб Чхаидзе.
ЗурабиЧхаидзейы дзырдæй, Саакашвилийæ коронавирусы рог формæ ис. Афтæма йæ дзырдæй, эпидемиологион куыст активонæй кусы, цæмæй инфицирады равзæрæн сбæрæг кæной.
Уыимæ Зураб Чхаидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ консилиумы уынаффæйæ Саакашвилийы ныууагъдтой палатæйы.
«Палатæйы ис алы хъæугæ аппаратурæ, кæцы интенсивон палатæй вæййы. Уый дзæбæх зоны адвокат, алыбон куы цыдис. Ныры онг дзырдта, цæмæй нæм æппын нæ уыд реанимаци, ныр та дзуры, реанимацимæ дам æй аласут. Кæдæм æй аргъæвæм кæд нæм реанимаци нæй? Ацы аппаратурæ кæддæриддæр уым уыдис хосгæнæг дохтыримæ иумæ, алы дохтыр истам хайад консилиумы æмæ реанимацимæ аргъæвыны фарста не слæууыд», – райхъусын кодта Зураб Чхаидзе.