Павел Герчински – сагъæс кæнæм   Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæры фæфыддæры тыххæй
Павел Герчински – сагъæс кæнæм Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры фæфыддæры тыххæй

 

Тынг сагъæс кæнæм Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæры фæфыддæры тыххæй, нæ цæст дарæм  цæугæ  барадон процесстæм  æмæ  ныфс дарæм, цææмй  ацы  тæрхоны процесс тагъд  фæуыдзæн,  – уый фæдыл  Гуырдызстоны  евроцæдисы  минæвар   Павел Герчински  райхъусын кодта.

Минæвары дзырдæй,  Гуырдзыстоны  хицауад  хъуамæ  цыт кæнæт  алы  ахæсты  бартæн.

«Раздæры президент, Михеил Саакашвилийы  уавæры фæдыл,   цæй зæгъын у мæ бон,  у уый,  цæмæй  тынг сагъæс кæнæм  йæ æнæиздзинады уавæры фæфыддæры тыххæй.  Нæ цæст дарæм  цæугæ тæрхоны процесстæм æмæ ныфс дарæм  цæмæй  ацы тæрхоны процесс тагъд фæуыдзæн.  Иурæстæгонæй   курæг  стæм  Гуырдзыстоны  хицауадæй,   цыт кæнæт  алы ахæсты бартæн, уый нымæцы раздæры президенты, куыд  зылынмæ лæвæрды бартæн  тæрхондоны æмæ  куыд   ахæсты бартæн. Ноджы иу  хатт, уый у Гуырдзыстоны  хицауады  бæрн, ома  сифтонг кæной, цæмæй  тæрхондоны,  Саакашвилийы куыд  зылынмæ лæвæрды æмæ   куыд ахæсты  алы  бартæ  æххæстæй  хъахъхъæд  уæд», –  райхъусын кодта минæвар.