Зураб Азарашвили – игæры трансплантацийы операцийы паддзахад æххæстæй сфинанс кæндзæн
Лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министры фидиуæнæй, игæры трансплантацийы операци паддзахад æххæстæй сфинанс кæндзæн.
Уый фæдыл Зураб Азарашвили хицауады рабадты фæстæ брифингыл райхъусын кодта.
«Нысаниуæгджын уынаффæтæ рахастам хицауады рабадтыл. Иуæй-иу фарста æххæссы оргæнты трансплантацийы бюджеты ивддзинæдтæм. Нысаниуæгджын у, цæмæй игæры трансплантаци цауы, 120 000 ларийы операцийы паддзахад финанс кодта æрмæст 70 000 ларийæ. Уый арæх ахæм сегментмæ æххæссы, кæцыйæн дæр зын у баззайгæ 50 000 ларийы мобилизаци скæнын æмæ уый тыххæй рахастам уынаффæ, æххæстæй сфинанс кæнæм операцийы хардзтæ, куыд диагностикæйæ, афтиæ операциимæ баст. Игæры трансплантацийы цауы, 120 мин ларийы абонæй бамбæрздзæн паддзахад», – райхъусын кодта Зураб Азарашвили.