Зураб Азарашвили – 2025 азы кæронмæ цæрæнуаттæ, æмтгæй райсгæйæ, 60000 лигъдон бинонтæм уыдзæн лæвæрд
Дæс азы размæ цæрæнуаттæ æрмæст 18000 лигъдон бинонтæм уыд лæвæрд, 2025 азы кæронмæ, æмтгæй райсгæйæ 60 000 бинонтæм уыдзæн лæвæрд – уый фæдыл оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Зураб Азарашвили райхъусын кодта.
Министры дзырдæй, зæгъгæ уый тынг стыр æнтыст у.
Зураб Азарашвили афтæма радзырдта Гуырдзыстоны фондз горæты – Тбилисы, Кутаисы, Зугдиды, Борджомы æмæ Руставы цæугæ масштабон арæзтадтыл. Йæ дзырдæй зæгъгæ, проекты бюджет 900 милуан ларийы бæрц у æмæ 2025 азы кæронмæ фæзуаттæ, æмтгæй райсгæйæ 13000 лигъдон бинонтæм уыдзæн лæвæрд. Уыдонæй 6000 «ХЪÆуты хæдзары» программæйы фæлгæтты æрцæрдзæн, 7000 бинонтæ та ног арызт, ног цалцæггонд хæдзæртты æрцæрдзысты.