Зианбаййафгæ æмбæстæгтæн æнæзакононæй ист мулкъ фæстæмæ уыдзæн æздæхт
Зианбаййафгæ æмбæстæгтæн æнæзакононæй ист мулкъ фæстæмæ уыдзæн æздæхт
Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурайы барадон процессы æхæхстгонд аххосагы фæдагуырды департаменты æхсæнлæудæй, 2018-æм азы азы 21-æм февралы Тбилисы аппеляцион тæрхондон Бахва Стуруайæн хъуыдтагы фæдыл, кæцыйæн Гуырдзыстоны парламент политикон ахстгонды статус ратта, срастгонд æскъуыддзаг уыд ист. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæ парахат кæны.
«Гуырдзыстоны прокуратурæ политикон ахстгонды расидæны бындурыл снысангонд хъуыдтагыл ногæй объективон фæдагуырд сыхæхст кодта, кæцыйы фæлгæтты дæр уыд уард ног бæлвырдгæнджытæ, цæй фæстиуæг дæр сбæлвырд ис Бахва Стуруайы æнæаххосджындзинад æмæ рабæрæг йæ политикон сырды факт. Сæрмагондæй, 2011 æм азы 21 -æм майы, хицауады ныхмæ плангонд протестон акцийы хайадрайстæн, Бахва Стуруа йæ æрдхордтимæ иумæ, автомобилыл Авлабары метромæ æввахс територийыл змæлд , цæй рæстæджы дæр, æрмæст дæр уцы мотивæй, æмæ Бахва Стуруа уыд оппозиционер, æрцахстой æмæ æнæзакононæй нывæрдтой наркотикон фæрæз «Суботекс».