Жозеп Борелли - Евроцæдис Александр Лукашенкойы легитимон президентыл нæ нымайы
Æддæ политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борелли хъусын кæны, Евроцæдис Александр Лукашенкойы Белорусы президентыл нæ нымайы. Уый тыххæй фидиуæн Борелли Брюсселы, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты бадзырдты агъоммæ сарызта. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Белорусы зæгъгæ уавæр карздæр кæны.
«Хъыгагæн, уавæр фыддæрдæр кæны æмæ сабырадон активистты репресситæ нæ лæууынц. Уый фенын телеуынынадæй алкæмæн у йæ бон. Абон мах æркæсдзыстæм куыд рахæцæм йæ фарс белорусаг адæмæн æмæ куыд æркæсдзыстæм нæ ахастытæ Белорусы хицауадимæ уымæ гæсгæйæ, цæмæй Лукашенкойы легитимон президентыл нæ нымайæм», – райхъусын кодта Борелли.
Уый ма бафтыдта, ома Евроцæдисы советы уæнгтæ абон белорусы президенттæм раздæры кандидат Светлана Цихановскаяимæ фембæлдысты.
«Разы стæм инклюзивон диалогимæ белорусаг адæмы барыл æркурой сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ. Уый нæй гæнæн нымад цæуа куыд Белорусы мидæгон хъуыддæгтæм хифæкæнын, уымæн æмæ демократи æмæ адæймаджы бартæ Евроцæдисы идентондзинады бындур сты», – райхъусын кодта Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар.