Жозеп Борел -  Украинайы ныхмæ Урæсейы æрдгæй  цыфæнды атомон бырстæн уыдзæн афтæ тыхджын æфсæддон дзуапп, æмæ  Уæрæсейы  æфсад  скуынæг  уыдзæн
Жозеп Борел - Украинайы ныхмæ Урæсейы æрдгæй цыфæнды атомон бырстæн уыдзæн афтæ тыхджын æфсæддон дзуапп, æмæ Уæрæсейы æфсад скуынæг уыдзæн

Украинайы ныхмæ   Уæрæсейы  цыфæнды  хуызы  атомон бырстæн уыдзæн афтæ  фидар  æфсæддон   дзуапп, æмæ   Уæрæсейы æфсад æнæхъæнæй скуынæг уыдзæн –  уый фæдыл  æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы  бæрзонддæр  комиссар   Жозеп Борел  Брюгейы  цæугæ   мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Ис атомон   тас æмæ путин дзуры, цæмæй йæ æрдгæй  уый леф нæу.  Уымæн йæхицæн блефы  бар раттын йæ бон  нæу.  Хъуамæ  уа  дырыс, цæмæй  нæдæр Украинайы фарсхæцæг адæмы, Евроцæдис æмæ йæ уæнгты, АИШ-ы æмæ НАТО-йы  æрдгæй нæу  блеф.  Украинайы ныхмæ  Уæрæсейы  цыфæнды  хуызы  атомон бырст расайдзæн дзуапп, фæлæ  атомон дзуапп  нæ фæлæ  уыдзæн афтæ  фидар  æфсæддон   дзуапп, æмæ   Уæрæсейы æфсад æнæхъæнæй скуынæг уыдзæн, æмæ Путин  ма хъуамæ  архайа блефæй» –  загхта Жозеп Борел.

Жозеп Борелы дзырдæй,  Уæрæсейæн хъуамæ равдисой  иудзинад,  тых æмæ  хъæддыхдзинад.

«Ай у  серьозон момент историйы æмæ  хъуамæ равдисæм нæ иудзинад, нæ тых æмæ  хъæддыхдзинад» – банысан кодта Борел.