Жозеп Борел – Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ нæдæр уæгъдибар уыдысты æмæ нæдæр рæстаг
Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ нæдæр уæгъдибар уылысты æмæ нæдæр рæстаг – уый фæдыл Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты къухдариуæггæнæг, Жозеп Борел райхъусын кодта.
Евроцæдисы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæгы дзырдæй, Уæрæсейы æвзæрстыты фæдыл Евроцæдисы фидиуæн фæсарæн хъуыддæгты советы фембæлды фæстæ уыдзæн публикацигонд.
«Нæдæр OSCE-ы цæстдарджытæ, тынг арæнгонд уавæр – уый у, дипломатонæй цæй зæгын у мæ бон. Уымæй дарддæр ма, ацы æвзæрстытæ æнцойæвæрд сты репресситыл, тасы бафтуыныл æмæ ацыдысты оккупацигонд Украинайы территорийыл, кæцы халы Украинайы суверенитет» – райхъусын кодта Жозеп Борел.
Уæрæсейы ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, владимир путин хъæлты 85.13% райста. Æндæр кандидаттæ та : Владислав Даванков -6,65%, Николай Харитонов – 3,84%, Леонид Слуцкий – 2,83%.