Жозеп Борел – Уæрæсейы экономикæ 2022 азы, 2,1 процентæй фæкъаддæр ис, иуæй-иутæ фæзæгъынц, ома дам санкцитæ нæ кусынц, фæлæ уый раст нæу
Уæрæсейæ Евроцæдисы бæстæтæм импорт ивгъуыд азы 58 процентæ фæкъаддæр ис, æрмæст ацы азы фыццаг кварталы ацы бæрæггæнæн 75%æй ахызт, – хъусын кæны Кæны Евроцæдисы æддæг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты бæрзонддæр комиссар Жозеп Борел.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдисæй Уæрæсейæн фидаргонд санкцитæ кусынц.
«Иуæй-иутæ фæзæгъынц, цæмæй санкцитæ нæ кусынц. Уый хуымæтæгæй раст нæу, иу афæдзы дæргъы уыдон бафæрæзтой арæн скæнын Мæскуыйы фадæттæ, æлхынцъаг базартæй бæстæйы феддæдуар кæнын æмæ Уæрæсейы индустрион æмæ технологион фадæтты нысаниуæгджын деградаци скæнын», – дзуры Борел.
Борелы дзырдæй, хæст фæуромынæн ацы къурс адарддæр кæнын хъæуы.
Жозеп Борелы блогы банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы экономикæ 2022 азы 2,1%-æй фæкъаддæр ис. Кондад кæцы бырсты онг стабилонæй рæзтис, 2022 азы кæронмæ 6%-æй фæкъаддæр ис. Автомобилты рауагъд раззаг азтимæ абаргæйæ 48%-æй фæъкаддæр, компьютерон, электронон æмæ оптикон амалиуæгад 8%-æй, иугайон базарад 10%-æй, æрмæст ставд базард та 17%-æй.
Борелы дзырдæй, Евроцæдисæй Уæрæсемæ базайраджы æмтгæйон экспорт хæсты онг афæдзон бæрæггæнæнæй 52%-æй ныллæгдæр уыд. Уыимæ Евроцæдисæй Уæрæсемæ дывæр нысаниуæгы базайраджы экспорт 2022 азы, кæцы æнæмæнгхъæугæ у уыцы ифтонггæрзты æмæ хæцæнгарз рауадзынæн, кæцыйæ Уæрæсе фæлхас кæны хæст адарддæр кæнынæн, 2019-2021 азтимæ абаргæйæ 78%-æй фæкъаддæр ис.