Жозеп Борел - Уæрæсейы интервенцийы фоныл Евроцæдис Украинайæн æххæст фарсхæцын сиды, афтæма Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцын бæлвырд кæны
Уæрæсейы интервенцийы фоныл, Евроцæдис Украинайæн æвдисы фарсхæцын æмæ афтæдæр Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцын бæлвырд кæны. Уый фæдыл дзырдæуы æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борелы фидиуæны.
«Евроцæдис бæлвырд кæны йæ æнæфæцудгæ фарсхæцын æмæ иузæрдыгдзинад Украинайы хæдбарады, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмон нымад арæнты. Евроцæдис бæлвырд кæны йæ фарсхæцын, стынг кæна Украинайы политикон ассоциацидзинад æмæ экономикон интеграци Евроцæдисимæ. Лæууæм украинаг адæмы фарсмæ, сæ демократонæй æвзæрст институтты æмæ минæвæрттæн. Евроцæдис афтæдæр бæлвырд кæны æнæцудгæ фарсхæцын æмæ иузæрдыгдзинад Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы Республикæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндæндзинадæн», – дзырдæуы Борелы фидиуæны.
Евроцæдис тызмæг фауы Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхты Украинамæ æнæфсон лæбурд. Афтæма, фауы Белорусы хайад Украинайы ныхмæ агрессийы æмæ йæм сиды, йæ сæрмагонд æхсæнадæмон хæстæ сыххæст кæнынмæ.
Президент Путин æнæаргъæвгæйæ бауромæт уырыссаг æфсæддон операци æмæ æнæуæлдайныхасæй ракæнæт йæ æфсæддон тыхтæ æмæ техникæ Украинайы æнæхъæн территорийæ. Уæрæсе аххосджын у ацы агрессийы актыл æмæ алы пырх æмæ алы адæймагы мæлæты. Уый дзуаппмæ уыдзæн лæвæрд йæ архæйдтыты тыххæй», – дзырдæуы Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, Евроцæдисы дзуапп трансатлантикон æмæ æмхъуыдыджын партнертимæ координацигонд уыдзæн, куыд секторон, афтæ индивидуалон арæнгæнæг мадзæлттæй.