Жозеп Борел -  Уæрæсейы  интервенцийы  фоныл  Евроцæдис  Украинайæн æххæст фарсхæцын  сиды,  афтæма Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  суверенитет  æмæ  территорион  æнæхъæндзинадæн  æнæцудгæ фарсхæцын бæлвырд кæны
Жозеп Борел - Уæрæсейы интервенцийы фоныл Евроцæдис Украинайæн æххæст фарсхæцын сиды, афтæма Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцын бæлвырд кæны

Уæрæсейы  интервенцийы  фоныл, Евроцæдис    Украинайæн æвдисы  фарсхæцын  æмæ  афтæдæр  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы  суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн   æнæцудгæ   фарсхæцын  бæлвырд кæны.  Уый фæдыл  дзырдæуы   æддагон политикæ æмæ  æдасдзинады фарстаты   Евроцæдисы   бæрзонддæр   минæвар Жозеп Борелы  фидиуæны.

«Евроцæдис  бæлвырд кæны  йæ  æнæфæцудгæ  фарсхæцын æмæ  иузæрдыгдзинад Украинайы  хæдбарады, суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн   æхсæнадæмон нымад арæнты.  Евроцæдис  бæлвырд кæны йæ фарсхæцын,  стынг кæна    Украинайы  политикон ассоциацидзинад  æмæ  экономикон интеграци  Евроцæдисимæ.  Лæууæм   украинаг адæмы  фарсмæ,  сæ  демократонæй  æвзæрст  институтты  æмæ   минæвæрттæн.  Евроцæдис афтæдæр    бæлвырд кæны  æнæцудгæ фарсхæцын  æмæ иузæрдыгдзинад    Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы    Республикæйы  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндæндзинадæн», –  дзырдæуы   Борелы  фидиуæны.

Евроцæдис  тызмæг  фауы  Уæрæсейы   Федерацийы  гарзджын тыхты  Украинамæ æнæфсон лæбурд.   Афтæма,  фауы Белорусы  хайад  Украинайы ныхмæ агрессийы æмæ  йæм сиды,  йæ сæрмагонд æхсæнадæмон хæстæ сыххæст кæнынмæ.

Президент Путин  æнæаргъæвгæйæ  бауромæт  уырыссаг æфсæддон   операци æмæ  æнæуæлдайныхасæй   ракæнæт йæ æфсæддон тыхтæ æмæ техникæ   Украинайы  æнæхъæн  территорийæ.  Уæрæсе аххосджын у  ацы  агрессийы актыл æмæ  алы  пырх  æмæ   алы адæймагы  мæлæты.  Уый дзуаппмæ  уыдзæн лæвæрд  йæ  архæйдтыты тыххæй», – дзырдæуы  Евроцæдисы бæрзонддæр  минæвары  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,   Евроцæдисы дзуапп  трансатлантикон   æмæ  æмхъуыдыджын    партнертимæ координацигонд уыдзæн, куыд секторон, афтæ  индивидуалон   арæнгæнæг  мадзæлттæй.