Жозеп Борел - Ныддæрæни ноджы иу цæстæнгас, ома Евроцæдис хæсты рæстæджы хæцæнгарзæй нæ ифтонг кæны, о, мах уый сараздзыстæм, уымæн æмæ ацы хæсты æнæмæнгхъæугæ у Украинайæн баххуыс кæнæм
Президент путин йæ къæхты бын скодта суверенон Украина æмæ йæ адæмы падзахаддзинад. Цы уынæм уый у, æхсæнадæмон барады æмæ гуманитарон барады гуырымыхъхъ саст – уый фæдыл æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы минæвар Жозеп Борели райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Путины хæст нæу æрмæст Украинайы ныхмæ æмæ хъуамæ бамбарой, цас серьозон у ацы уавæр глобалон æдасдзинадæн.
«Украинайы адæм æмæ æфсад хæцынц тыхæйисæджы ныхмæ, фæлæ тыхæйисæг Путины хæст нæу æрмæст Украинайы ныхмæ. Хъуамæ бамбарæм цас серьозон у ацы уавæр махæн, европæгтæн, глобалон æдасдзинадæн. Абон Путин райхъусын кодта цæмæй йæм цæттæ сты атомон иргъæфы тыхтæ» – райхъусын кодта Борел.
Борелды дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис аразы алцыппæт Украинайæн баххуыс кæнынæн, сæ нымæцы ис «swift»-æй Уæрæсе ацух кæнын æмæ æхсæнгарæйз ифтонгад.
Уыимæ Борелы дзырдæй, историйы фыццаг цау уыдзæн Евроцæдис леталон зхæцæнгарзæй куы сифтонг кæндзæн æртыккаг бæстæ.
«Алцыппæт аразæм цы нæ бон у, цæмæй Украинайæн бахухыс кæнæм. Мах лæууæм Украинайы æмæ йæ адæмы фарсмæ» – хъусын кæны Борел.
«Министрты фембæлдыл бавдисдзыстæм Украинйæн фарсзæцынæн дыууæ сæрмгаонд мадзал райсты инициативæ – Украинайы æфсадæн леталон æрмæджыты ифтонгаы финансдзинад, афтæма артагы, хихъахъхъæнæн ифтонггæрзты æмæ медицинон продуктты. Ноджы иу цæстæнгас ныцъцъæл ис. Цæстæнгас, цæмæй евроцæдис нæ ифтонг кæны хæцæнгарзæй хæсты рæстæджы, о, мах уый аразæм, уымæн æмæ ацы хæстмæ нæ баиу кæнын æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй баххуыс уæм Украинайы æфсадæн, уымæн æмæ цæрæм прецедент цæмæн нæй ахæм афон» – райхъусын кодта Жозеп Борел.