Жозеп Борел мæт кæны, ома 2024 азы европарламенты æвзæрстыты фæуæлахиз уыдзысты ультра-рахизтæ
Жозеп Борел мæт кæны, ома 2024 азы европарламенты æвзæрстыты фæуæлахиз уыдзысты ультра-рахизтæ

Жозеп Борел йрадзырдта йæ  зæрдæхсайд, ома  2024 азы  европарламенты æвæзрстыты ультрарахизтæ  фæуæлахиз уыдзысты.  Уый фæдыл Евроцæдисы æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæг  бритайнаг рауагъдад  «Гардианимæ» интервьюйы райхуъсын кодта.

Борелы дзырдæй, зæгъгæ европарламенты æвзæрстытæ  2024 азы гæнæн ис  хъысмæты уа, афтæ куыд АИШ-ы  президентон æвзæрстытæ.

Европаг  дипломат йæ хъусдард раздæхта  Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты  рахиз  партиты  æнтыстмæ, кæцы йæ дзырдæй, зæгъгæ  баст у миграцийы тыххæй катайы æмæ царды гъæды  фæфыддæрæй.

«Европ у  магнит сæдæгай мин адæймагæн, кæцыты фæнды Европæйы цæрын. Уый бамбарын æнцон у, кæд царды гъæд сабрдзыстæм  уæд.  Мах стæм  политикон сæрибардзинады, экономикон  фарны æмæ социалон  иудзинады сегасдæр хуыздæр æмахаст,  адæймагады  историйы. Æз катай кæнын  тарсты  тыххæй.  Мæт кæнын европæгты æвзæрсты тыххæй, уымæн æмæ уыдон  тæрсынц. Зонадонæй   бæлвырд у цæмæй  нæзынгæдзинады тасæй сæвзæры гормон  кæцы расайы дзуаппон реакци.  Уый факт у.  Æрвылбойнонæй нæ хъустыл уайынц  хæсты фыдгул  фыдракæндтæ  æмæ уый расайы  гормоналон активондзинад, кæцырасайы  тарст. Партиты, кæцытæн сæ бон у ацы тарстæй  хъазын æмæ  дзæбæх фарстытыл æвзæр дзуапп дæттынц, сæ бон у   европаг   æвзæрстгæнджыты фарсхæцын ссарын» – райхъусын кодта Борел.

Европарламенты æвзæрстытæ фидæн азы 6-9  июны ацæудзæн.