Жозеп Борел – Курæг дæн алы политикон партийæ, архайæт бæстæйы интерестæм куыд æмбæлы афтæ
Гуырдзыстон ма хъуамæ уа дыууæфарсон поляризацийы æхсæн, кæцы хицауадæн нæ дæтты кусыны фадат, бæстæйæн хъæуы стабилондзинад – уый фæдыл Еврокомиссийы вице-президент фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уый сиды алы политикон партимæ, бæстæйы æмæ гуырдзиаг адæмы интерестæм æмбæлгæйæ архайынмæ.
«Медиаци нæ фæцис, уый адарддæр уыдзæн. Хъæуы нæ цæмæй уый адарддæр уа, уымæн æмæ Гуырдзыстоны ма хъуамæ уа дыууæфрсон поляризацийы æхсæн, кæцы хицауадæн нæ дæтты кусыны фадат, бæстæйæн хъæуы стабилондзинад, цæмæй нысаниуæгджын реформæты æрдæм размæ рацæуа, кæцы æнæмæнгæй хъуамæ сыххæст кæной. Уый тыххæй дæр медиаци адарддæр уыдзæн æмæ курæг стæм политикон партитæй иууылдæр, цæмæй архайæт бæстæйы æмæ гуырдзиаг адæмы интерестæм æмбæлгæйæ æмæ æрцæуæт афтæ тыхджын хъæугæ политикон фидыдмæ, цæмæй дзуапп раттæт сæ раз уæвæг ахсджиаг быцæусидтытæн» – банысан кодта Жозеп Борел.