Жозеп Борел хъусын кæны, цæмæй Китайыл бастдзинад фæкъаддæр кæнынæн, Евроцæдис хъуамæ сбаланс кæна базарадон ахастытæ Китайимæ
Æдддаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады фарстаты бæрзонддæр комиссар Жозеп Борел хъусын кæны, цæмæй Китайыл бастдзинад фæкъаддæр кæнынæн Евроцæдис Китайимæ базардон ахастытæ хъуамæ ысбаланс кæна. Борел куыд банысан кодта афтæмæй, ивгъуыд азы Китайимæ базарадон дефицит «æгъуыст» уыд – 291 миллиард евро, кæцы Евроцæдисы æмтгæйон мидпродукты 1,7%-ы бæрц у.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ ивгъыд мæйы Китайы хицауад рагафон райхъусын кодта, цæмæй нысаниуæгджын плантæ йæм ис бæрзондтехнологион индустрийы инвестициты æрдгæй. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый нысан кæны, цæмæй Евроцæдисы техникон индустри ноджы карздæр конкуренцийы раз рæрлæудзæн.
«Æнæмæнгхъæугæ у, бахъахъхъæнæм нæ индустри намысцух конкуренцийæ. Мах нырид рывнæлдтам уыцы хъуыддагмæ нæ электрохæдтулгæты, хуры панелты æмæ æндæр индустрийæн. Китайимæ æмкуыст кæнын æнæмæнгхъæугæ у нæ рæстæджы сæйраг глобалон расидт алыг кæнынæн, цахæмдæр у дæнцæн, климаты ивд» – райхъусын кодта Жозеп Борел.