Жозеп Борел хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ сразы сты Сомихыстоны æмбæстагон мисси райрæзтимæ æмæ æркастысты «визалиберализацийы вариант» Сомихыстонæн
Евроцæдис цæттæ у фæфылдæр кæна мисси Сомихыстоны æмæ фæхуыздæр кæна визон режим, – уый фæдыл Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел фехъусын кодта.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ абон уагъд фембæлдыл сразы сты Сомихыстоны æмбæстагон мисси райрæзын кæныны фæдыл æнхъарæнимæ, кæцы «Азербайджанимæ арæны вазыгджын фадгуытыл» фылдæр патрулкæныны фадат ратдзæн.
Уыимæ Борелы дзырдæй, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æркастысты Сомихыстонæн гæнæн фарсхæцын Европæйы сабырады фондæй æмæ «визалиберализецийы вариант» Сомихыстоны æмбæстæгтæн.
«Мах сæрмагондæй арæхсгай хъуамæ уæм Сомихыстоны дестабилизацийы архайдмæ – мидæгæй æви æддæйæ. Ме рвитæггаг Азербайджанмæ уыд æргом: Сомихыстоны территорион æнæхъæндзинад агайын уыдзæн нæрайсгæ æмæ йын уыдзæн уæззау фæстиуджытæ нæ ахастыты гъæдыл», – банысан кодта Борел.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис сиды Ереван æмæ Бакумæ, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд сног кæной бадзырдтæ сабырадыл фидыд бафыссыны тыххæй.
Уыимæ Борелы дзырдæй, цух нæу, ома Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнæг Евроцæдисы æмбæлгæ советы фидæн рабадты райса хайад.