Жозеп Борел – Гуырдзыстоны хицауадæн хæссæм бæлвырд фæндаг ногæй æрбангом кæнынæн Евроцæдисмæ фæндагыл – фæсарæйнаг æндæвдад æмæ афтæ хуынæг бинонты æгъдæутты закъон
Жозеп Борел – Гуырдзыстоны хицауадæн хæссæм бæлвырд фæндаг ногæй æрбангом кæнынæн Евроцæдисмæ фæндагыл – фæсарæйнаг æндæвдад æмæ афтæ хуынæг бинонты æгъдæутты закъон

Мах æрхæссæм бæлвырд фæндаг Евроцæдисмæ фæндагыл ногæй бастдзинадæн – æддагон æндæвдады закъон скусын кæнын, кæцы æппæрццагæй æндавы æмбæстагон æхсæнад æмæ медийы организацитыл, афтæ дæр афтæ хуынæг бинонты аргъдзинæдты тыххæй, уымæн æмæ дискриминаци Евроцæдисы бинонты аргъдзинад нæу – уый фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар, Жозеп Боррелл райхъусын кодта.

Борелийы ныхасмæ гæсгæ, уыдон уыдзысты Гуырдзыстоны къухдариуæгады æрдыгæй конкретон хæслæвæрды фыццаг нысæнттæ.

Уыимæ иумæ, Джозеф Боррел 26-æм октябры Гуырдзыстоны уагъдцæуæг парламентон æвзæрстыты фæдыл фæныхас кодта.

«Гуырдзыстоны уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ, кæцытæ серьозон хæлдтытæй характерон уыдысты. Ацы закъонхæлдтытæ хъуамæ æргом æмæ хæдбарæй сраст кæной æмæ сæ раиртасой. Ацы закъонхæлдтытæ хицæнæй нæ ранымайдзынæн, фæлæ сты бирæ æмæ дзы бирæтæ сты серьезон. Ахсджиаг у банысан кæнын, цæмæй хæдбар цæстдарджытæ нæ расидтысты æвзæрстытæ сæрибар æмæ рæстагыл, нæдæр иннæрдæм. Уымæ гæсгæ хъæуы фæдагуырд, цæмæй сбæрæг уа, цы æрцыд, закъонхæлдтыты масштаб æмæ фæстиуæгыл куыд бандæвта, уый. Уый фæтыхджындæр кæндзæн уыцы тенденци, кæцы фæстаг мæйты мидæг федтам Гуырдзыстоны хицауадæй, кæцы бæстæйы дард кæны Евроцæдисæй æмæ йæ аргъдзинæдтæй.

Нæ хыгъдлæвæрд æвдисы ирд фæндаг ногæй æрбаиу кæнынмæ, кæд æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады ‘рдыгæй уыдзæн политикон фæндон. Мах æрхæссæм бæлвырд фæндаг Евроцæдисы ногæй бастдзинадмæ. Фæсарæйнаг æндæвдады фæдыл закъоны скусын кæнын, кæцы æппæрццагæй æндавы æмбæстагон æхсæнад æмæ медийы организацитыл, афтæ дæр афтæ хуынæг Закъон бинонты аргъдзинæдты фæдыл, уымæн æмæ дискриминаци нæ Евроцæдисы бинонты аргъдзинад нæу. Уыдон уыдзысты Гуырдзыстоны къухдариуæгады æрдыгæй конкретон хæслæвæрды фыццаг нысæнттæ. Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй æввахс бонты æрцæуа уыцы фæткхалæнты фæдагуырды фæдыл, кæцытæ æвзæрстыты цæстдарæг къордтæ бафиппайдтой», – банысан кодта Жозеп  Боррелл.