Жозеп Борель - Гуырдзыстон æвдисы демократийы тых, экономикон рæзынад, Евроцæдис дарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс абон æмæ кæддæриддæр
Гуырдзыстоны æвдисы демокративон тых, экономикон рæзынад, уый тыххæй дæр мах райгонд хъуамæ уæм ацы парламенты æмгуыстадæй Гуырдзыстоны парламентимæ, кæцыйы октябры сывзардзысты, – уый фæдыл æддæ политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борель Европарламенты уагъд дебатты рæстæджы загъта, кæцытыл Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ ассоциацидзинады бадзырды имплементацийы фæдыл хыгъдлæвæрд æркастысты.
«Гуырдзыстонæн ныр скуыддзаггæнæг нысаниуæгы афон æрлæууыд. Гуырдзыстон хъуамæ равдиса цас хъомыл у демократи. Æз Гуырдзыстоны уыдтæн зын рæстæджы, ныр цы рæстæг у, уымæй вазыгджындæр. Гуырдзыстон æвдисы демократийы тых, экономикон рæзынад, уый тыххæй дæр мах райгонд хъуамæ уæм ацы парламенты æмгуыстадæй Гуырдзыстоны парламентимæ, кæцыйы октябры сывзардзысты. Афтæдæр æфсæрмы ма хъуамæ кæнæм æмæ Гуырдзыстонæн бакой кæнæм реформæты бонвæткы кæронмæ сыххæст кæнын кæй хъæуы, уый. Сæ арæнтыл уæвæг проблемæтæ аргументæй ма хъуамæ уой уымæн, цæмæй сæ проблемæтæ ма аскуыддзаг кæной, кæцыты алыг кæнын йæ бон у æрмæстдæр гуырдзиаг адæмæн. Евроцæдис ассоциацидзинады бадзырды фæрцы адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын абон æмæ кæддæриддæр», – райхъусын кодта Жозеп Борель.