Жозеп Борел – Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æнкъарынц Уæрæсейæ цæугæ тас, цæттæ уыдзыстæм баххуыс сын кæнæм, Украинайæн куыд æххуыс кæнæм афтæ, амондæн Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы хæст нæй
Амондæн Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы хæст нæй, – ацы фидиуæн, æддæ политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел, Брюсселы, Евроцæдисы хъахъхъæнынады министрты фембæлды размæ сарызта.
Борел банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æнкъарынц Уæрæсейæ цæугæ тас.
«Гуырдзыстонмæ не æрвитæггаг у кæддариддæр куыд уыдис,ахæм – мах баххуыс уыдзыстæм Гуырдзыстонæн, цы нæ бон у алцæмæй, алы æртхъирæнæн бахъом уыны. Зонæм, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æнкъарынц Уæрæсейæ цæугæ тас æмæ цæттæ уыдзыстæм, баххуыс сын кæнæм Украинайы цауы куыд кодтам афтæ. Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы хæст нæй. Махмæ афтæдæр визитæй æрæцæудзысты Украинайы хъахъъхæнынады министр æмæ НАТО-ы генералон нымæрдар æмæ æркæсдзыстæм Украинайы цæугæ хæсты темæ. Украинæгтæ хъæддых хæцынц Уæрæсейы ныхмæ. Хæсты фæстиуджытæ ацы моментмæ Уæрæсейы æнхъæлцытæм не мбæлынц. Уæрæсейы æфсады уромынц Украинæгтæ æмæ хъуамæ адарддæр кæнæм украинæгтæн æххуыс хæцæнгарзæй. Растдæр уый тыххæй сбæлвырд кодта уæлæмхасæй 500 милуан евройы бæрц æххуыс хъахъхъæнынады фондæй», – райхъусын кодта Борел.