Жозеп Борел – Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æнкъарынц Уæрæсейæ цæугæ тас,  цæттæ уыдзыстæм  баххуыс сын кæнæм, Украинайæн  куыд æххуыс  кæнæм  афтæ, амондæн Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы хæст нæй
Жозеп Борел – Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æнкъарынц Уæрæсейæ цæугæ тас, цæттæ уыдзыстæм баххуыс сын кæнæм, Украинайæн куыд æххуыс кæнæм афтæ, амондæн Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы хæст нæй

Амондæн  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы  хæст нæй, –  ацы  фидиуæн,  æддæ политикæ æмæ   æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы   бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел, Брюсселы, Евроцæдисы  хъахъхъæнынады министрты  фембæлды   размæ  сарызта.

Борел банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Молдовæ  æнкъарынц   Уæрæсейæ  цæугæ  тас.

«Гуырдзыстонмæ  не  æрвитæггаг у  кæддариддæр куыд уыдис,ахæм –  мах баххуыс уыдзыстæм  Гуырдзыстонæн,   цы нæ бон у алцæмæй,  алы  æртхъирæнæн бахъом уыны.  Зонæм,  цæмæй Гуырдзыстон æмæ Молдовæ  æнкъарынц  Уæрæсейæ  цæугæ тас  æмæ  цæттæ уыдзыстæм,  баххуыс сын кæнæм   Украинайы  цауы  куыд  кодтам афтæ.  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы  хæст нæй. Махмæ  афтæдæр визитæй æрæцæудзысты   Украинайы хъахъъхæнынады министр æмæ НАТО-ы  генералон  нымæрдар æмæ  æркæсдзыстæм  Украинайы  цæугæ  хæсты  темæ. Украинæгтæ хъæддых  хæцынц Уæрæсейы  ныхмæ.  Хæсты  фæстиуджытæ ацы моментмæ  Уæрæсейы æнхъæлцытæм не мбæлынц.  Уæрæсейы  æфсады уромынц  Украинæгтæ  æмæ хъуамæ адарддæр кæнæм  украинæгтæн   æххуыс хæцæнгарзæй.  Растдæр уый тыххæй  сбæлвырд кодта  уæлæмхасæй  500 милуан евройы  бæрц æххуыс  хъахъхъæнынады фондæй», – райхъусын кодта  Борел.