Жозеп Борел – Европæйы  егъуамасштабон  конфликт æрмæст фантази нал  у, уый тыххæй  европæгтæ  ног фæндæгтæ хъуамæ бацагурæт, континентыл   потенационæй  бирæ  уæрæхдæр хæстмæ  бацæттæ  уæд   финансонæй
Жозеп Борел – Европæйы егъуамасштабон конфликт æрмæст фантази нал у, уый тыххæй европæгтæ ног фæндæгтæ хъуамæ бацагурæт, континентыл потенационæй бирæ уæрæхдæр хæстмæ бацæттæ уæд финансонæй

Европæйы  егъаумасштабон конфликт   фантази нал у, уый  тыххæй  европæгтæ   хъуамæ ссарæм ног фæндæгтæ континентыл   потенционæй  уæрæхдæр масштабы   хæстмæ  финансонæй  бацæттæ кæнынмæ, – уый фæдыл  æддаг политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы   бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел   Брюсселы  экономикон   форумыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Хæст  æцæгæй  нæ алыварс ис, бæрзонд интенсивондзинады конвенцион хæст  Европæйы, æрмæст фантази нал у», –  райхъусын кодта  Жозеп Борел.

Борел  куыд банысан кодта афтæмæй,  Уæрæсе æртъхъирæн кæны   Европæмæ  Украинайы  хæстæй æмæ  Евроцæдисы  уæнг паддзахадтæм гибридон бырстытæй.

«Уый сом нæ райдайдзæн, фæлæ  реалондзинадыл нæйы  зæгъгæ нæ  зæгъдзыстæм.  Мах хæъуы  æхсæнхицауадон  финансдзинады  ног  механизм, кæцы  гæнæн ис  абарæм, финансон кризисы рæстæджы цы  сарызтам уыимæ – Евроцæдисы  уæнг падзахадтæ  сарызтой   европаг  хъахъхъæнынады  агентад, фæлæ   йæ не сфинанс кодтой», – райхъусын кодта Жозеп Борел.

Медиайы хъусинагæй,  уый хынцгæйæ  ома æдадсзинады  уæвæг   уавæр  «эгзистенциалон  кризисы ис» Борел   банысан кодта, цæмæй хъахъхæнынады  инвестицитæ сыххæст кæнынæн   фæндæгты бацагурын  у æнæаргъæвгæ.

Борел ма афтæдæр фæныхаскодта  АИШ-ы администрацимæ Дональд Трампы  гæнæн æрыздæхыны фарстайыл.

«АИШ-ы  зонтыкк, кæцыйыл æнцой  уыдыстæм уазал хæсты  рæстæджы, гæнæн ис  иудадзыг  гом ма  уа. Гæнæн ис  уый тыххæй, цæмæй  чи къухдариуæг кæны  Вашингтонæн,  Америкæ нын нæ сæрыл  рахæцдзæн  зæгъгæ æрмæст уый  ныфсæй  мах нæ уыдзыстæм», – райхъусын кодта Жозеп Борел.