Жозеп Борел – Евроцæдисæн хъуамæ уа æнгом дæр контакт Гуырдзыстон æмæ Молдовæимæ
Евроцæдисæн æнгом контакттæ хъуамæ уа Гуырдзыстон æмæ Молдовæимæ, – уый фæдыл æддагон политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр комиссар Жозеп Борел Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды фæстæ райхъусын кодта. Йæ дзырдæй, зæгъгæ демократон институтты стынг кæнын рæзын кæны æддæ тасæн фæразондзинады фадæттæ.
«Хъуамæ нын уа æнгом контакт нæ иннæ партнертимæ, сæрмагондæй та Гуырдзыстон æмæ Молдовæимæ æмæ адарддæр кæнæм сигнал дæттын, ома мид уавæры стынг кæнын фидар демократон институтты бындурыл нысаниуæгджын у æддæ тасæн бахъом уыны сæ фадæттæ стынг кæнынæн. Уый тыххæй курæг стæм Украинайæ адарддæр кæнæт цæугæ реформæтыл кусын», – райхъусын кодта Жозеп Борел.
Борелы дзырдæй, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлдыл сæйраг æркæсинаг фарста, Уæрæсе æмæ Европаг æдасдзинад уыд.
«Сегасдæр нысаниуæгджын хатдзæг у уый, цæмæй ноджы иу хатт сбæлвырд кодтам нæ фидар иудзинад æмæ иумæйаг ахаст Европæйы æдадсзинады раз уæвæг æртхъирæнтæй цæуæгæ быцæусидтытæм. Нæ иудзинад у фидар æмæ советы уый тыххæй дызæрдыг ничи кæны», – райхъусын кодта Борел.
Борел куыд загъта, афтæмæй, зæгъгæ дипломатон тыхархайд адарддæр уыдзæн уымæ нæкæсгæйæ, æмæ Уæрæсейы риторикæйыл стыр æууæнк нæй. Уый ма бафтыдта, цæмæй кæд дипломати фæстиуæгджын нæ уыдзæн, Евроцæдис цæттæ кæны дзуаппытæ Уæрæсейы потенцион агрессийæн. «Ай, уыдзæн цырд æмæ скуыддзаггæнæг архайд фидар иудзинадæй æнæрмæст евроцæдисы, фæлæ æхсæнадæмон фæлгæтты», – загъта Евроцæдисы комиссар.
Борелы хъусинагæй, зæгъгæ Украинайы план кæны еврокомиссий вице-преиздент Валдис Домбровскисы æмæ сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар, Оливер Вархейы физит, кæцыйы рæстæджы уыдон Евроцæдисæй Украинайæн 1,2 миллиард евройы бæрц æххуысы пакет рахицæн кæныныл фæуынаффæ кæндзысты.
Уымæй уæлдай ма, Борелы дзырдæй, Евроцæдис зæгъгæ цæттæ у Украинайæн кибер-æдасдзинад стынг кæныны баххуыс кæна.