Жозеп Борел - Евроцæдис куыд гæнæн ис афтæ тагъд хъуамæ фæкаддæр кæна уырыссаг газ æмæ нефтыл бастдзинад
Киев, Харьков æмæ Мариуполь ныхмæ лæууынц уырыссаг æфсадæн, ис æмбæстæгты æхсæн амæттаг æмæ хиæмбæхсн агурджыты нымæц фылдæр кæны, ацы уавæрты нæ фарсхæцын Украинайы гарджын тыхтæн у скуыддзаггæнæг – уый фæдыл фсарæн хъуыддæгты политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр комиссар Жозеп Борел райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ уæнг бæстæтæ аскуыддзаг кодтой, райрæзын кæной фарсхæцын Украинайæн æмæ баххæст кæной ацы тыхархайд Евроцæдисы финанстæй.
Борелы дзырдæй, ноджы адарддæр кæндзыстиы санкциты пакет Белорусы режимы æмæ алы уыцы уæнгы ныхмæ, чидæриддæр йæ къух аразы Уæрæсейæн Украинайы ныхм æфсæддон агрессийы.
«Абон хъахъхъæнынады министртæ бирæ кусынц тыхархайды координацийыл, цмæй эффективон уа алы дыууæ1фарсон инициативæ нæ финансдзинадимæ иумæ. Сарызтам тыгъдад цæмæй нæ цæст дарæм Украинайы æркуырд æмæ доментæм, афтæдæр уæнг бæстæты æнхъарæнтæм, нæ фарсхæцыны максималон эффективондзинады æмæ координаци сфитонг кæнынæн. Ацы тыгъдад кусдзæн АНТО-имæ координацигондæй. Украина афтæдæр куры æххуыс специалон рагысгарæгон архæйдтæн æмæ мах мобилизаци кæнæм нæ стателитон центр, кæцы ис Мадриды цæмæй куса ацы æрдгæй» – райхъусын кодта Жозеп Борел.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ ресурсты мобилизаци цæуы æмæ уый хъуамæ сыххæст уа цырд, уымæн æмæ хæст дарддæр кæны.
Уымæй дарддæр ма, Борел банысан кодта, цæмæй Евроцæдис куыд гæнæн ис афтæ тагъд хъуамæ фæкъаддæр кæна уырыссаг нефтыл æмæ газыл бастдзинад.
«Иуæй-иу цыдæр, кæцы Евроцæдис хъуамæ сараза, у куыд гæнæн ис афтæ тагъд фæкаддæр кæна йæ бастдинад уырыссаг нефтыл æмæ газыл. Тынг стыр хца фидæм путинæн æмæ ацы хцайæ уый пайда кæны йæ æфсæддон агресси равдисынæн» – райхъусын кодта Жозеп Борел.