Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы радон 53-æм раунд сом ацæудзæн, уæдмæ та фарсытæ абон техникон фембæлд ауадздзысты
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы радон 53-æм раунд сом ацæудзæн, уæдмæ та фарсытæ абон техникон фембæлд ауадздзысты.
Сæйраг æркæсинаг темæ уыдзæн æхсæзпунктджын бадзырды сыххæст, æнæзаконон бордеризаци æмæ окккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæр. Гуырдзиаг фарсæй бадзырдты фнгыл карз æвæрд уыдзæн Заза Гахеладзейы æмæ афтæдæр æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æндæр бæстæты фарста.
Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы Лаша Дарсалиайы фидиуæнæй, оккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау уавæрмæ гæсгæйæ, бадзырдты раунд уыдзæн тынг вазыгджын.
«Радон 53-æм раунд ацæудзæн 30 июны. Женевæйы бадзырдтæ сты æхсæзпунктджын бадзырды сыххæсты фæдыл æмæ сæйраг темæ цæй зæгъын æй хъæуы уыдзæн æхсæзпунктджы бадзырды сыххæст. Уыцы фоныл нæ æмбæстæгтæ ахст уы сты, Заза Гахеладзе, афтæма æндæртæ дæр, уымæй уæлдай ма дарддæр кæны бордеризацийы процесс, уый кæддæриддæр уæззау фон дæтты бадзырдты раундтыл. Уый тыхæхй дæр ацы раунд уыдзæн тынг уæззау» – райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.