Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты радон раунд  абон ацæудзæн
Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты радон раунд абон ацæудзæн

Женевæйы æхсæнадæмон   бадзырдты  радон, 53-æм раунд  абон ацæудзæн.  Женевæйы нырид  ацыд   техникон   фембæлд.

Бадзырдты рæстæджы сæйраг фарста уыдзæн æхсæзпунктджын  бадзырды сыххæст, æнæзаконон бордеризацийæ  цы  хонынц, уый æмæ оккупацигонд территоритыл  уæвæг уæззау гуманитарон уавæр.  Гуырдзиаг фарс  бадзырдтыл  карзæй сывæрдзæн   Заза Гахеладзейы  æмæ   афтæдæр æнæзакононæй ахст  Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгты фарст.   Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалиайы  фидиуæнæй,  оккупацигонд  территоритыл  уæвæг   уæвззау  уавæры тыххæй,  бадзырдты радон раунд  вазыгджын уыдзæн.

«Куыд раздæры раундтыл, афтæ ныр дæр сæйраг  темæ у æхсæзпунктджын  бадзырды сыххæст, кæцыйы  Уæрæсе  не ххæст кæны  æмæ практиконæй  иунæг пункт дæр нæ сыххæст кодта.  Æхсæзпунктджын бадзырд у тынг  ахсджиаг документ, уымæн æмæ,   уый  у  конфликты  æххæстмасштабонæй  аскуыддзагы æрдæм фыццаг къахдзæф.  Уымæ гæсгæ дæр, махæн нысаниуæгджын  у  ацы  фарстæтæ  кæддæриддæр банысан  кæнын. Сегасдæр сæйраг, мах уый аразæм нæ партнертимæ иумæ.  Сæйраг темæ  уыдзæн   уыцы пункттæ, кæцыты  сыххæстæй  Уæрæсе  йæхи дард дары.  Сæрмагондæй фоны  тыххæй  куы зæгъæм,  уæд уый  у уæззау.  Гуманитарон  корды  кастæуы   фарстæтæ, кæцытæ  баст сты  æнæзаконон бордеризациимæ, ахстытимæ. Нæ æмбæстæгтæ: Гахеладзе, Бебуа, Бестаев,  ахст сты æмæ хъыгагæн, дарддæр кæны  ацы  ахстыты сери.  Хъыгагæн, адæймаджы барты  фарстæтæй фыдвæнд архайынц спайда дзы  кæной уыдонæй æлхъывды  механизмæй, кæцы  ноджы  зындæр кæны бадзырдты процесс.  Уæрæсе адæймаджы  барты темæтæй  архайы  спекуляци кæнын  æмæ, хъыгагæн, 21-æм æнусы, тыхыбын стæм ахæм фоныл  процесс ауадзын», –  райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.