Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты радон, 53-æм раунд абон ацæудзæн. Женевæйы нырид ацыд техникон фембæлд.
Бадзырдты рæстæджы сæйраг фарста уыдзæн æхсæзпунктджын бадзырды сыххæст, æнæзаконон бордеризацийæ цы хонынц, уый æмæ оккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæр. Гуырдзиаг фарс бадзырдтыл карзæй сывæрдзæн Заза Гахеладзейы æмæ афтæдæр æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгты фарст. Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалиайы фидиуæнæй, оккупацигонд территоритыл уæвæг уæвззау уавæры тыххæй, бадзырдты радон раунд вазыгджын уыдзæн.
«Куыд раздæры раундтыл, афтæ ныр дæр сæйраг темæ у æхсæзпунктджын бадзырды сыххæст, кæцыйы Уæрæсе не ххæст кæны æмæ практиконæй иунæг пункт дæр нæ сыххæст кодта. Æхсæзпунктджын бадзырд у тынг ахсджиаг документ, уымæн æмæ, уый у конфликты æххæстмасштабонæй аскуыддзагы æрдæм фыццаг къахдзæф. Уымæ гæсгæ дæр, махæн нысаниуæгджын у ацы фарстæтæ кæддæриддæр банысан кæнын. Сегасдæр сæйраг, мах уый аразæм нæ партнертимæ иумæ. Сæйраг темæ уыдзæн уыцы пункттæ, кæцыты сыххæстæй Уæрæсе йæхи дард дары. Сæрмагондæй фоны тыххæй куы зæгъæм, уæд уый у уæззау. Гуманитарон корды кастæуы фарстæтæ, кæцытæ баст сты æнæзаконон бордеризациимæ, ахстытимæ. Нæ æмбæстæгтæ: Гахеладзе, Бебуа, Бестаев, ахст сты æмæ хъыгагæн, дарддæр кæны ацы ахстыты сери. Хъыгагæн, адæймаджы барты фарстæтæй фыдвæнд архайынц спайда дзы кæной уыдонæй æлхъывды механизмæй, кæцы ноджы зындæр кæны бадзырдты процесс. Уæрæсе адæймаджы барты темæтæй архайы спекуляци кæнын æмæ, хъыгагæн, 21-æм æнусы, тыхыбын стæм ахæм фоныл процесс ауадзын», – райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.