Згъвисубанийы цæрджыты  информацийæ,  санатори «Картли»-ы бæстыхайæ  нæлгоймаг йæхи раппæрста
Згъвисубанийы цæрджыты информацийæ, санатори «Картли»-ы бæстыхайæ нæлгоймаг йæхи раппæрста

Æвдисæнты  информацийæ, Тбилисы, Згъвисубанийы (Денджызсых) санатори «Картли»-ы  цæрæг  иуæй-иу лигъдоны статусджын  нæлгоймаг  бæстыхайы  уæлхæдзарæй  йæхи раппæрста æмæ æрбамард.

Санаториы цур æрымбырдуæвджытæ  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй  уый  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй  лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрадæй, афтæма  Гуырдзыстоны хицауадæй  домтта хъусдард æмæ   лигъдæттæн  цæрæн хæдзæрттæ  райттын.

«Куырдта  хæдзар, уымæн æмæ кæм цардис  уыцы уаты физиконæй  нæй  гæнæн  цæрын. Нормалон   адæймаг  нæ бацардаит. Баффæлади  уымæй æмæ цы ракодта уый бæрæг у» – загъта  бынæттон цæрæг  Нана Шалвадзе.

Санатори «Картли»-ы цур  мобилизацигонд  сты патрулон пъæлицæйы  хайадтæ.  Цъус рæстæг размæ  барадхъахъъхæнджыты æмæ   бынæттон  цæрджыты  æхсæн  уыд  быцæудзырд дæр.