Заза Саралидзе - Сидын алкæмæ, мæ хъæбул æмæ мæ бинонтæй политикъон нысанæй спайда кæнын æмæ спекуляцитæй алырдгæй сæхи бауромæт
Сидын алкæмæ, мæ хъæбул æмæ мæ бинонтæй политикъон нысанæй спайда кæнын æмæ спекуляцитæй алырдгæй сæхи бауромæт – уый тыххæй Хоравайы уынгыл мард Давит Саралидзеы фыд, Заза Саралидзе аппеляцион тæрхондоны тæрхоныскъуыды фæстæ, журналисттæн загъдта.
«Афæдз æмæ æрдæджы дæргъы мæ тох тынг дзæбæх зонут сымах дæр æмæ дзыллæ дæр. Фыццаг мæм фæзындис æнкъарæн, цæмæй рæстдзинад æнæмæнгæй хъуамæ сæндидза, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй фæстагмæ сæндидзыд, ай у хайгай сног. ТОх нырмадæр даргъ кæны. Мачи ахъуыды кæнæт цæмæй æрсабыр уыдзынæн кæнæ мæхи айсдзынæн иуфарс. Сидын хицауадмæ цæмæй сæм тынг цъус рæстæг баззад. Ацы тох урæд не рцæудзæн, закъоны раз алчи ратдзæн дзуапп. Никæмæн ницы ныббарын хъавын. Алы адæймагмæ сидын, йæхи бауромæт мæ хъæбулы нормæй æмæ мæ бинонтæй политикъон нысанæй пайда кæнын æмæ спекуляцитæ кæнын. Ныббарут мын ацы ныхас фæлæ мæнæй хуыздæр ничи зоны мæ хъæбулы сæрыл куыд рахæцон уый» – райхъусын кодта Заза Саралидзе.
Аппеляцион тæрхондон æнахъом Давит Саралидзейы къордонæй барæй марындзинады, Г.Дж.-ы аххосджыныл бнымадта.Цыдæриддæр та Г.Б.-мæ æххæссы, уыйы æрдæм зылынгæнæг фарсы хъастимæ не сразы сты æмæ уыц Давит Саралидзейы барæй марындзинады аппеляцион тæрхондоны коллегий æнаххосыл банымадта. Аппеляцион тæрхондон йæ тыхы ныууагъдта сахарон тæрхондоны уынаффæ Леван Дадунашвилийы марындзинады тыххæй æмæ æ аххосджыныл банымадта Г.Б.-ы. Уымæй дарддæр ма, сæ дыууæйæн дæр ивд æрцыд æфхæрды амал æмæ сын стæрхон кодтой фæйнæ 11 азы æмгъуыдмæ ахст.
51-аг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Давит Саралидзе æмæ Леван Дадунашвилийы 2017 азы фыццаг декабры, Тбилисы, Хоравайы уынгыл мæлæтдзаг цæф фæкодтой. Иу æнахъом æрбамард цалынмæ йæ рынчындонмæ баластаиккой уæдмæ. Иннæ та – бирæон цæфтæй рынчындоны, дыккæгæм бон æрбамард.
Марындзинады аххосагæй дыууæ æнахъомы æрцахстой. Дыууæ æнахъомы марындзинадæй æхсæз мæйы фæстæ, Тбилисы сахарон тæрхондон ахæсттæн сæ аххосагы квалификаци фæивдта. Тæрхонгæнæджы скуыддзагæй Г,Б.-йы æрмæст Леван Дадунашвилийы марындзинады банымадтой аххосджыныл æмæ йын 10 аз æмæ 6 мæйы æмгъуыдæй ахст стæрхон кодтой, æрмæст иннæ æнхъом Г.Дж.-йы Давит Саралидзейы барæй марындзинады бæсты, тæрхонгæнæг Саралидзейы барæй марындзинады архайды фæзылыныджын кодта æмæ йын фараст аз æмæ фараст мæййон ахст стæрхон кодта. Растдæр фæнысангонд тæрхоныскъуыдыл бахъаст кодтой аппеляцион тæрхондонмæ дыууæ фарсы.