Заза Саралидзе - Ничиуал мæ хъæуы, ацы тох, иунæгæй адарддæр кæндзынæн – [фото, видео]
Ничиуал мæ хъæуы, ацы тох, иунæгæй адарддæр кæндзынæн – уый фæдыл Хоравайы уынгыл мард æнахъомы фыд, Заза Саралидзе райхъусын кодта Вакейы паркъы, кæцы ныууагъдта акци «Сфидар ут рæстдзинад æнæполитикътæй.
Саралидзе Вакейы паркъы цур территорийæ рацыд адæмон барты хъахъънæг Нино Ломджариаимæ иумæ.
Фыццаг Къаналæн акцийы организатор Реваз Карчхадзе куыд загъта афтæмæй, Заза Саралидземæ бандæвдта Нино Ломджариа æмæ растдæр зæгъгæ уый тыххæй ахицæн кодта акци ныууадзын.
«Заза нæм æрбацыд уый тыххæй, цæмæй æмæ ам цы айзæлдис уый æппæт у раст. Ломджарииа та æнæхъæн акцийы дæргъы йæ цурмæ бадтис æмæ йын цыдæрттæ дзырдта. Сыстад лæг æмæ ац3ыд. Айзæлдис версий, зæгъгæ йæ бинойнаг йæхи взæр фæхатыд, фæлæ уыдис иннæ версий дæр, ома йæм бандæвдтой зæгъгæ. Æвзæр зыны фæлæ гæнæн ис афтæдæр уа» – райхъусын кодта Реваз Карчхадзе.
Адæмон хъахъъæнæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, Заза Саралидзе зæгъгæ хæдзармæ цæуы цæмæй баулæфа.
«Адæймаджы хæдзармæ рфæндыд, дыууæ минут бæрц уæддр баулæфа. Ис гæнæн æмæ ахæм уавæры бафтауай адæймаджы?» – мæсты дзырд скодта Нино Ломджариа.