Заза Саралидзе хъусын кæны, цæмæй сом политикътимæ æмæ æхсæнадон архайджытимæ иумæ премьер-министримæ фембæлын план кæны-[видео]

Хоравайы  уынгыл  мард  æнахъомы фыд Заза Саралидзе  хъусын кæны,  цæмæй   сом 14:00  сахатыл  Гуырдзыстоны  премьер-министримæ фембæлын хъавы.

Уый фæдыл фидиуæны Саралидзе   сарызта Руставелийы   проспектыл цæугæ   акцийыл, цæй фæстæдæр акцийæ рацыд.

«Сом 14:00 сахатыл  бацæудзынæн   премьер-министримæ фембæлдм.  Алы политикъимæ,  æхсæнадон архайæгимæ  æмæ элитæйы  минæвæрттимæ  иумæ.  Иннæ детæлттæ  уын  базонгæ  кæндзысты  ме мбæлттæ.  Хатыр уæ курын,  м бинойнаг æцæгæй дæр  тынг æвзæр хаты йæхи.  Ныббарут мын.  Хъуамæ æрыздæхон   хæдзармæ æмæ   сом  та  сымахимæ иумæ  уыдзыæн» – райхъусывн кодта Заза Саралидзе.