Заза Саралидзе – Гиорги Квирикашвилийыл иунæгæй нæ фембæлдзынæн, ультиматумты æвзагæй мæм ма дзурæт
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилиимæ иунæгæй нæ фембæлдзынæн – уый фæдыл Хоравайы уынгыл мард æнахъомы фыд Заза Саралидзе, райхъусын кодта хицауады администрацийы бæстыхайы цур.
Журналистты фарстайæн бацæудзæн æви нæ фембæлдмæ политикттимæиумæ, Заза Саралидзе банысан кодта, цæмæй политиктæ ам цы уæлдай сты зæгъгæ.
«Мах уырдæм цæуæм куыд хуымæтæг æмбæстæгтæ, алы политик, алы ныйарæг кæй хъæбул амардтой ахæм. Цæй Ультиматумтæ мын æвæрынц, цæй иунæгæй бацæуон, ам æз æрмæст мæ хъæбулы номыл нал дзурын. Мæ фарсмæ лæууы Малхаз Мачаликашвили æмæ алы ныйарæг кæй хъæбул амардтой ахæм. Банхъæлмæ кæсдзынæн цы аскуыддзаг кæндзысты, иу сахаты бæрц, нæ мæ бауадздзысты – омæ уæд хорзæй баззайæд. Иунæгæй йыл нæ фембæлдзынæн премьер-министрыл, æхсæз мæйы дæргъы йæм дзырдтон æмæ сын лæгъстæ кодтон» – райхъусын кодта Заза Саралидзе.
Афтæма, Саралидзе журналисттæм æрсидтис, цæмæй æнæ камерæтæ æмæ микурофонтæй, уыдондæр бацæуæт фембæлдмæ.
«Аппарут ацы камерæтæ æмæ сымахдæр æрбахизут кæд уæ фæнды уæд. Иу сахат ма банхъæлмæ кæсдзынæн» – баздæхт Саралидзе журналисттæм.