Заза Надирадзе дунейы кубокыл æвзист майдан рамбылдта ( видео)

Венгрийы  сахар  Сзедегы уагъд цæуы  дунейы  чемпионат каноэйæ лен кæныны.  Турниры,  Гуырдзыстоны  номæй  хайад исынц  дыууæ  спортсмены, Заза Надирадзе æмæ   Мурман  Маланиа.

200  метры  спринты  финалы  дыууæ дæр  гуырдзиаг бæлæгътæрæгы  райстой  хайад.  Заза Надирадзе  призон бынат   бацахста æмæ  ма йæ сыгъзæрин майданмæ   тынг   чысыл ма бахъуыд.

Фыццаг бынат  бацахста  литвæйаг  Вадим  Коробов, кæцыйы фæстæ, надирадзе  æрмæст  0.078  сикундæй  афæстиат ис æмæ æвзхист майдан рамбылдта.  Æртыккаг бынатыл  афтæдæр литвæйаг  Эрикас Зустаутас  ис.  Мурман  Маланиа  8-æм бынат бацахста.